22 Зӕгъыс «ма хӕт» — ӕмӕ хӕтыс! Былысчъилтӕ кӕныс гуымирытыл — ӕмӕ кувӕндӕттӕ къахыс!
О Дунедарӕг, байгом мын кӕн мӕ дзых, ӕмӕ Дӕ стаудзынӕн!
«Куыд дын хъуамӕ ныббарон? Дӕ цот Мӕ ныууагътой, мӕнг хуыцӕуттӕй ард хӕрынц! Ӕз-иу сӕ бафсӕстон, уыдон та хъахбай митӕ кодтой ӕмӕ хӕтаг сылты хӕдзӕрттӕм тыгуыртӕй цыдысты.
Ӕдзӕрӕг быдыры цӕрӕнбынат куы ссарин, уӕд ацӕуин, мӕ адӕмы ныууадзин. Се ’ппӕт дӕр — хъахбайтӕ, гадзрахатӕйцӕуджыты дзуг!
Чи йӕ хионы усимӕ ӕлгъаг ми аразы, чи йӕ чындзы фӕчъизи кӕны, чи та йӕ хойӕн, фыдӕй иу кӕимӕ у, уымӕн тых кӕны.
Йӕ рӕгъауы ӕнӕсахъат нӕлвос кӕмӕн ис, афтӕмӕй Дунедарӕгӕн цӕнкуыл фосы нывондӕн чи ’рбахӕссы, уыцы фӕлитой ӕлгъыст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн хъомысджын Паддзах, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Мӕ ном стыр тасы ӕфтауы адӕмты.
Науӕд нывондӕн куырм, къуылых кӕнӕ рынчын фосы кӕй ӕрбахӕссут, уый уӕм хорз кӕсы? Де ’лдары размӕ-ма сӕ бахӕсс, цымӕ дӕ разыйӕ баззайдзӕн ӕмӕ дӕм хорз цӕстӕй ракӕсдзӕн? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Зӕгъут-ма уӕдӕ, адӕймагӕн Хуыцауӕй давын ӕмбӕлы? Сымах та Мӕ давгӕ кӕнут. Зӕгъдзыстут Мын: «Цы Дӕ давӕм?» Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ хуынтӕ.
Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыцы хӕлд фӕлтӕр ӕвдисӕйнаг домынц, фӕлӕ Ионӕ-пехуымпары диссагӕй уӕлдай ницы диссаг фендзысты.
Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыцы хӕлд фӕлтӕр ӕвдисӕйнаг домы, фӕлӕ Ионӕйы диссагӕй уӕлдай ӕндӕр ӕвдисӕйнаг нал фендзӕн». Уыйадыл сӕ ныууагъта ӕмӕ ацыди уырдыгӕй.
Амыдта сын: «Афтӕ фыст нӕу, ӕви: „Мӕ Хӕдзар Мын ӕппӕт адӕмтӕн кувӕн хӕдзар схондзысты“? Сымах та дзы абырджыты лӕгӕт сарӕзтат».
Сымах та ӕрбакодтат, кувӕндон дӕр чи нӕ фӕкъахта ӕмӕ нын нӕ сылгоймаг-хуыцауы дӕр чи нӕ фаудта, уыцы лӕгты.
Уӕ уарзт уӕд ӕнӕхин, фыдӕх уын уӕд ӕнӕуынон, хорздзинад саразынмӕ тырнут.
Хуыцауы ныууадзӕг адӕм! Дунеимӕ хӕларӕй цӕрын Хуыцауӕн знаггад кӕнын кӕй у, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ дунеимӕ хӕларӕй цӕрын чи равзара, уый Хуыцауӕн свӕййы знаг.