18 Хуыцауӕн фӕндон цы у, уый зоныс; Ӕгъдау дӕ сахуыр кодта, хуыздӕр цы у, уый ӕмбарыныл;
Чи йӕ тохуӕрдӕттӕй ӕппӕлы, чи — йӕ бӕхтӕй, мах та стауӕм Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, ном.
Уымӕн ӕмӕ фӕдзӕхст у цырагъ, ахуырад — рухс, зондамынд — царды фӕндаг.
цӕмӕй, цы ахуырадыл ӕрлӕууыдтӕ, уымӕн йӕ фидар бындур зонай.
Йӕ хицауы фӕндон зындгонд кӕмӕн уыди, афтӕмӕй цӕттӕ чи нӕ разынд ӕмӕ йӕ чи нӕ сӕххӕст кодта, уыцы цагъар баййафдзӕни карз над.
Кӕд уый зонут, уӕд тӕхудиаг уыдзыстут, сымах дӕр афтӕ куы кӕнат, уӕд.
Сыгъдӕг Фыст цыдӕриддӕр зӕгъы, уый ныффыстӕуыд махӕн зонд амонынӕн — дӕтты нын фӕразондзинад ӕмӕ ӕхсар, цӕмӕй нӕ ныфс уа фидар.
фидарӕй ӕууӕндыс, куырмытӕн фӕндагамонӕг кӕй дӕ, талынджы цӕрджытӕн — рухс,
Ӕмӕ ма кӕм ис дыккаг ахӕм стыр адӕм, йӕ фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, ӕз уын ныртӕккӕ цы ӕгъдауыл дзурын, уый хуызӕн раст кӕмӕн сты?
цӕмӕй уӕ бон уа, хуыздӕр цы у, уый раиртасын. Уӕд Чырыстийы ӕрцыды бон уыдзыстут сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау,
Раиртасут алцыдӕр ӕмӕ хӕцут, хуыздӕр цы у, ууыл.
Хъӕбӕр хойраг, йӕ фӕлтӕрддзинады фӕрцы хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасынмӕ чи арӕхсы, уыцы хъомылты у.
Уӕдӕ хорздзинад аразын кӕй хъӕуы, уый чи ӕмбары ӕмӕ йӕ нӕ кӕны, уымӕн уый тӕригъӕд у.