Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Ромӕгтӕм 2:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Ӕмӕ уымӕй ӕвдисынц, Ӕгъдауы домӕнтӕ сӕ зӕрдӕты фыст кӕй сты, уый. Афтӕ кӕй у, ууыл дзурӕг сты се ’фсарм ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ — куы сӕ азымджын фӕкӕнынц, куы — раст.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Ромӕгтӕм 2:15
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы лӕг мын йӕхӕдӕг куы дзырдта, мӕ хо у, зӕгъгӕ! Сылгоймаг дӕр ӕй йе ’фсымӕр куы хуыдта! Ацы хъуыддаджы сыгъдӕг сты мӕ цӕсгом дӕр ӕмӕ мӕ къухтӕ дӕр».


Ноджы ма паддзах загъта Шимийӕн: «Тынг дзӕбӕх ӕй зоныс, мӕ фыд Давидӕн цы фыдми сарӕзтай, уый, ӕмӕ дын Дунедарӕг дӕ фыдӕхы азар дӕхи сӕрыл ӕрцӕуын кӕнӕд!


Мӕ рӕстдзинадыл фидар хӕцын, цалынмӕ удӕгас уон, уӕдмӕ мӕ зӕрдӕмӕ ницы хӕсдзынӕн.


Зоныс ӕй, дӕхӕдӕг дӕр искӕй ӕвзӕры кой арӕх кодтай.


Уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд сын се ’фсарм тӕрхон кӕнын райдыдта ӕмӕ куыд хистӕрӕй иу иннӕйы фӕдыл уырдыгӕй сӕхи айстой. Фӕстагмӕ ма дзы баззадысты ӕрмӕстдӕр Йесо ӕмӕ уыцы сылгоймаг.


Павел синедрионыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, абоны онг цы ацардтӕн, уымӕй Хуыцауы раз мӕ цӕсгом сыгъдӕг у».


Уымӕ гӕсгӕ ӕз архайын Хуыцауы ӕмӕ адӕмы раз кӕддӕриддӕр сыгъдӕг цӕсгомимӕ цӕрыныл.


Муртаттӕгтӕн Ӕгъдау нӕй, фӕлӕ сӕ мидхъӕлӕсмӕ гӕсгӕ Ӕгъдауы домӕнтӕ куы феххӕст кӕнынц, уӕд сӕхӕдӕг сӕхицӕн ӕгъдау сты, кӕд сын Ӕгъдау нӕй, уӕддӕр.


Уӕдӕ йӕ буарыл сунӕт кӕмӕн нӕй, афтӕмӕй Ӕгъдау чи ӕххӕст кӕны, уый рахӕсдзӕн тӕрхон дӕуӕн, Ӕгъдауы сӕрты ахизӕгӕн, кӕд дын фыст Ӕгъдау ис ӕмӕ сунӕтгонд дӕ, уӕддӕр.


Чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕцӕгдзинад дзурын, нӕ сайын; ӕвдисӕн та мын у, Сыгъдӕг Уды дӕлбар чи ис, мӕ уыцы ӕфсарм.


Нӕхицӕй мӕнӕ цӕмӕйты хъал стӕм: зӕххыл мах, уӕлдайдӕр та сымахимӕ абаргӕйӕ, цӕрӕм, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ — хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн нӕ зӕрдӕ — не ’вдисӕн.


Мах зонӕм Бардарӕджы тас ӕмӕ ӕууӕндын кӕнӕм адӕмы. Цы стӕм, уый Хуыцауӕн зындгонд у; афтӕ ӕнхъӕл дӕн, ӕмӕ сымах дӕр мах тыххӕй алцыдӕр зонут.


Уыдӕттӕ рацыдысты, йе ’фсарм чи бахордта, уыцы мӕнгард цӕстмӕхъустӕй.


Сыгъдӕджытӕн ӕппӕт дӕр сыгъдӕг у; чи фӕчъизи ис, уыдонӕн ӕмӕ ӕнӕуырнджытӕн та ӕппӕт дӕр у чъизи, уымӕн ӕмӕ сӕ зонд ӕмӕ сӕ цӕсгом фӕчъизи сты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ