9 Саламтӕ — Урбанӕн, Чырыстиимӕ иудзинады не ’мкусӕгӕн, ӕмӕ мӕ уарзон хӕлар Стахийӕн.
Саламтӕ уын ӕрвитынц ме ’мкусӕг Тимофей, ме ’мбӕстӕгтӕ Лукий, Йасон ӕмӕ Сосипатр.
Саламтӕ — ахӕстоны мемӕ чи уыди, мӕ уыцы ӕмбӕстӕгтӕ Андроник ӕмӕ Юнийӕн. Уыдон апостолты ӕхсӕн зындгонд сты, Чырыстийыл мӕнӕй раздӕр баууӕндыдысты.
Саламтӕ — Амплиатӕн, Бардарӕгимӕ иудзинады фӕрцы мӕ уарзон ӕфсымӕрӕн.
Йесойы мӕрдтӕй Чи райгас кодта, Уый Уд кӕд уӕ зӕрдӕйы цӕры, уӕд, Чырыстийы мӕрдтӕй Чи райгас кодта, Уый уӕ буар дӕр — мӕлӕтӕн лӕвӕрд — райгас кӕндзӕни, уӕ зӕрдӕйы Чи цӕры, Йӕ уыцы Уды руаджы.
Ӕз зонын иу чырыстон адӕймаджы. Цыппӕрдӕс азы размӕ йӕ, — нӕ зонын, йӕ буары уыд ӕви нӕ, Хуыцау ӕй зоны, — систӕуыд ӕртыккаг уӕларвмӕ.
Уӕдӕ Чырыстиимӕ чи ис, уый ног адӕймаг у — йӕ зӕронд цардӕн ӕрцыд кӕрон, райдыдта йӕ ног цард.
Иудейы чи ис, Чырыстийы уыцы аргъуанты уырнджытӕн лӕгӕй-лӕгмӕ зонгӕ нӕ уыдтӕн.
Ӕнӕмӕнг хъуыддагыл ма ноджы мӕхицӕн нымайын, бахъуаджы рӕстӕг мӕм ӕххуысмӕ кӕй ӕрбарвыстат, мӕ уыцы ӕфсымӕр, ӕмкусӕг ӕмӕ ӕмтохгӕнӕг Эпафродиты фӕстӕмӕ арвитын.