8 Саламтӕ — Амплиатӕн, Бардарӕгимӕ иудзинады фӕрцы мӕ уарзон ӕфсымӕрӕн.
Кӕд уарзон салам ӕрмӕстдӕр уе ’фсымӕртӕн дӕттут, уӕд уым уадиссагӕй цы ис? Муртаттӕгтӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви?
Саламтӕ — мӕ уарзон Эпенетӕн, Чырыстийыл фыццаг чи баууӕндыд Азийы, уымӕн.
Саламтӕ — ахӕстоны мемӕ чи уыди, мӕ уыцы ӕмбӕстӕгтӕ Андроник ӕмӕ Юнийӕн. Уыдон апостолты ӕхсӕн зындгонд сты, Чырыстийыл мӕнӕй раздӕр баууӕндыдысты.
Саламтӕ — Урбанӕн, Чырыстиимӕ иудзинады не ’мкусӕгӕн, ӕмӕ мӕ уарзон хӕлар Стахийӕн.
Уӕдӕ, зӕрдӕйӕ кӕй уындмӕ бӕллын, мӕ цин ӕмӕ мӕ хӕрзиуӕг чи у, мӕ уыцы уарзон ӕфсымӕртӕ, фидар лӕуут, Бардарӕгыл ӕууӕндгӕйӕ.
Не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ мах зонӕм, мӕлӕтӕй цардмӕ кӕй рахызтыстӕм, уый. Йе ’фсымӕры чи нӕ уарзы, уый мӕлӕты къухы ис.