Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Ромӕгтӕм 16:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уыдон мӕн тыххӕй нӕ бавгъау кодтой сӕ цард дӕр, ӕмӕ сӕ ӕрмӕст ӕз нӕ дӕн бузныг, фӕлӕ кӕддӕры муртаттӕгты ӕппӕт аргъуантӕ дӕр. Саламтӕ — сӕ хӕдзары цы аргъуан ӕрӕмбырд вӕййы, уымӕн дӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Ромӕгтӕм 16:4
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Лидзӕг сӕ фӕкодтай мӕ разӕй ӕмӕ ӕз ныццагътон ме сӕфтмӕ бӕлджыты.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз сфӕнд кодтон ацы адӕмыл, сӕ бӕрзӕйӕ кӕй нӕ сисдзысты, ахӕм бӕллӕх ӕруадзын, ӕмӕ сӕ бон раст цӕуын дӕр нал суыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕни бӕллӕхы заман.


Исчи йӕ цард йӕ хӕлӕртты сӕраппонд куы ратта, уӕд уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй.


уыцы дыууӕ адӕймаджы сӕ цард снывонд кодтой нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номы сӕраппонд лӕггад кӕнынӕн.


Павел цыди Сири ӕмӕ Киликийыл ӕмӕ йӕ фӕндагыл фидар кодта аргъуантӕ.


Афтӕмӕй фидар кодта аргъуанты уырнындзинад, бонӕй-бон фылдӕр кодта уырнджыты нымӕц.


Ӕппӕт Иудейы, Галилейы ӕмӕ Самарийы аргъуантӕ хъыгдард нал ӕййӕфтой, фидар кодтой, Хуыцауы тас сӕм уыди, Сыгъдӕг Уды ӕххуысӕй ӕфтыди уырнджыты нымӕцыл.


Саламтӕ — Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕйӕн — мемӕ Йесо Чырыстийӕн лӕггадгӕнджытӕн.


Саламтӕ — мӕ уарзон Эпенетӕн, Чырыстийыл фыццаг чи баууӕндыд Азийы, уымӕн.


Рӕстгӕнӕджы тыххӕй исчи йӕ цард ратдзӕн, уый дызӕрдыггаг у. Чи зоны, искӕмӕ разына йӕ хӕрзгӕнӕджы сӕраппонд амӕлыны ӕхсар.


Ныр та сыгъдӕджытӕн ӕххуысы тыххӕй. Сымах хъуамӕ бакӕнат, ӕз Галатийы аргъуантӕн куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ.


Ӕрмӕст алчидӕр цӕрӕд, Бардарӕг куыд снысан кодта, афтӕ ӕмӕ баззайӕд, Хуыцау ӕм цы уавӕры фӕсидти, уыцы уавӕры. Ӕз уый фӕдзӕхсын ӕппӕт аргъуантӕн дӕр.


Чырыстийы хъуыддаджы сӕраппонд Эпафродит мӕлӕтмӕ цыди, йӕ цард ӕвгъау нӕ кодта, цӕмӕй, сымахӕн уӕ бон цы нӕ уыди, уыцы ӕххуыс мын уӕ бӕсты бакӕна.


Ӕфсымӕртӕ, сымах дӕр систут, Йесо Чырыстийыл Иудейы чи ӕууӕнды, Хуыцауы уыцы аргъуантау — ӕфхӕрд уӕхи адӕмӕй баййӕфтат, уыдон дӕр иудейӕгтӕй ӕфхӕрд куыд баййӕфтой, афтӕ.


Йешуа ӕппӕт израилӕгтӕм дӕр фӕсидт ӕмӕ йе ’фсӕддон хицӕуттӕн загъта: «Рацӕут-ма хӕстӕгдӕр ӕмӕ мӕнӕ ацы паддзӕхты бӕрзӕйтыл къахӕй ӕрлӕуут». Уыдон бацыдысты ӕмӕ паддзӕхты бӕрзӕйтыл къахӕй ӕрлӕууыдысты.


Уарзондзинад цы у, уый мах базыдтам, Йесо нӕ сӕраппонд Йӕ цард кӕй радта, уымӕй. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ не ’фсымӕрты сӕраппонд дӕттӕм нӕ цард.


Иоаннӕй — Азийы авд аргъуанмӕ: хорзӕх ӕмӕ уын фарн, Чи ис, Чи уыд ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уымӕй ӕмӕ, Йӕ бадӕны раз чи ис, уыцы авд удӕй


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ