Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Ромӕгтӕм 16:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Сыгъдӕджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ йыл баузӕлут Бардарӕджы кадӕн ӕмӕ, хъуаг цӕмӕй ӕййафа, уымӕй йын баххуыс кӕнут. Йӕхӕдӕг бирӕтӕн баххуыс кодта, уыимӕ — мӕнӕн дӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Ромӕгтӕм 16:2
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ацы кӕстӕр ӕфсымӕртӕй иуӕн цы сарӕзтат, уый Мӕнӕн сарӕзтат“.


Ананиа дзуапп радта: «Бардарӕг, ацы адӕймагӕн йӕхи тыххӕй дӕр, стӕй Дӕ сыгъдӕджытӕн Йерусалимы цас фыдмитӕ фӕкодта, уый тыххӕй дӕр бирӕтӕй фехъуыстон.


Фӕлӕ йын Бардарӕг загъта: «Ацу, Ӕз ӕй Мӕхицӕн кусӕгӕн сӕвзӕрстон, цӕмӕй Мӕ ном фехъусын кӕна муртаттӕгтӕн, паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн.


Яффойы уыдис иу уырнӕг сылгоймаг, йӕ ном — Тавифӕ (ома Сычъи). Бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ арӕзта, мӕгуыртӕн ӕххуыс кодта.


Петр рацыди семӕ. Куы ӕрбахӕццӕ, уӕд ӕй уӕллаг уатмӕ бахуыдтой. Ам ыл идӕдз устытӕ ӕрӕмбырд сты, куыдтой ӕмӕ йын ӕвдыстой, Сычъи се ’хсӕн куы царди, уӕд сын цы хӕдӕттӕ ӕмӕ пӕлӕзтӕ бахуыдта, уыдон.


Петр ӕм бадардта йӕ къух, схӕцыд ыл, ӕмӕ Тавифӕ йӕ къӕхтыл слӕууыд. Стӕй Петр фӕдзырдта сыгъдӕджытӕм ӕмӕ идӕдз сылгоймӕгтӕм, сӕ разы сын ӕй цардӕгасӕй ӕрлӕууын кодта.


Чырысти сымахыл куыд ӕнувыд у, афтӕ ӕнувыд ут сымах дӕр кӕрӕдзиуыл Хуыцауы кадӕн.


Саламтӕ — Филолог ӕмӕ Юлиайӕн, Нерей ӕмӕ йӕ хойӕн, Олимпасӕн ӕмӕ, Хуыцауы адӕмӕй семӕ чи ис, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр.


Салам уын ӕрвиты мӕ фысым, ӕппӕт аргъуан кӕй хӕдзары ӕрӕмбырд вӕййы, уыцы Гайос. Саламтӕ уын сахары ӕхцафснайӕг Эрастӕй ӕмӕ не ’фсымӕр Квартӕй.


Саламтӕ — сымах тыххӕй уый бӕрц бафыдӕбонгӕнӕг Мариайӕн.


Саламтӕ — Урбанӕн, Чырыстиимӕ иудзинады не ’мкусӕгӕн, ӕмӕ мӕ уарзон хӕлар Стахийӕн.


Хӕтынӕн, цавӕрфӕнды чъизи мийӕн ӕмӕ кӕрӕфӕн уӕм хъуамӕ сӕ кой дӕр ма уа — сыгъдӕджытӕн афтӕ не ’мбӕлы.


Ӕрмӕст уӕ цард уӕд Чырыстийы Фарны Уацмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд уӕ фендзынӕн, кӕнӕ уӕм кӕд мӕ бон ӕрбацӕуын не суа, уӕд фехъусдзынӕн, сымах кӕй стут ӕмуд, ӕмзӕрдӕйӕ кӕй тох кӕнут Фарны Уацы бындурыл амад уырнындзинадыл


Уӕдӕ, Бардарӕгӕн ӕхсызгон куыд уа, афтӕ йыл сӕмбӕлут цинимӕ. Аргъ кӕнут ахӕмтӕн.


Салам уын дӕттынц, мемӕ ахст чи у, уыцы Аристарх, Марк — Варнавӕйы хӕстӕг (куы уӕм ӕрцӕуа, уӕд ыл баузӕлут, зӕгъгӕ, уын кӕй тыххӕй бафӕдзӕхстӕуыд, уый)


фӕлӕ, йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уыцы сылгоймӕгтӕн цы ӕмбӕлы, уыдӕттӕй — сӕ хорз хъуыддӕгтӕй.


Бардарӕг ын баххуыс кӕнӕд, цӕмӕй йын Тӕрхоны бон Уый уа хатыргӕнӕг. Эфесы дӕр мын цас балӕггад кодта, уый ды хуыздӕр зоныс.


Зӕронд сылгоймӕгтӕн дӕр амон, сыгъдӕджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрын. Хъуамӕ ма уой хахуыргӕнджытӕ, карз нозтмӕ ӕмхиц, хорз цы у, ууыл ахуыр кӕной иннӕты,


раст дын цыма мӕ зӕрдӕ дӕттын, афтӕ.


Уӕдӕ кӕд демӕ иу хъуыддагыл кусӕм, уӕд ыл баузӕл, мӕныл куыд баузӕлис, афтӕ.


Чи уӕм ӕрцӕуы ӕмӕ уӕм уыцы ахуырад йемӕ чи не ’рхӕссы, уый уӕ хӕдзармӕ ма уадзут ӕмӕ йын «ӕгасцуай» ма дзурут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ