13 Саламтӕ — Бардарӕджы равзӕрст Руфӕн ӕмӕ, мӕнӕн дӕр мадау чи сси, йӕ уыцы мадӕн.
Уӕдӕ фӕстӕгтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕ та — фӕстӕгтӕ. [Уымӕн ӕмӕ хуындтытӕ бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ — чысыл]».
Уыцы рӕстӕг фӕссахарӕй ӕрбацӕйцыди иу киренӕйаг лӕг, Симон, Александр ӕмӕ Руфы фыд; ӕмӕ Йесойы дзуар уымӕн ахӕссын кодтой.
Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у Мӕнӕн ӕфсымӕр, хо ӕмӕ мад».
Сымах Мӕ нӕ равзӕрстат, фӕлӕ уӕ Ӕз равзӕрстон ӕмӕ уын бахӕс кодтон, цӕмӕй цӕуат ӕмӕ дунейӕн пайда хӕссат, уӕ уыцы пайда мыггагмӕ куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ уӕд Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕни.
Стӕй Йӕ ахуыргӕнинагӕн загъта: «Мӕнӕ уый — дӕ мад!» Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Йӕ мад царди ахуыргӕнинаджы хӕдзары.
Саламтӕ — Бардарӕджы ӕнӕзӕрдӕхудт кусджытӕ Трифенӕ ӕмӕ Трифосӕйӕн. Саламтӕ — Бардарӕгӕн дзӕвгар чи балӕггад кодта, нӕ уыцы уарзон хо Персидӕйӕн.
Саламтӕ — Асинкритӕн, Флегонтӕн, Гермесӕн, Патровӕн, Гермасӕн ӕмӕ, семӕ чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕн.
Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы Уый мах сӕвзӕрста дуне сфӕлдисыны размӕ, цӕмӕй Йӕ разы сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп уӕм.
Мах та сымах тыххӕй, Бардарӕг кӕй бауарзта, нӕ уыцы ӕфсымӕртӕ, хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн — Уый дуне сфӕлдисыны размӕ сымах сӕвзӕрста, цӕмӕй фервӕзат, Йӕ Уд уӕ кӕй ссыгъдӕг кодта ӕмӕ ӕцӕгадыл кӕй баууӕндыдыстут, уый фӕрцы.
ацӕргӕ сылгоймӕгтимӕ — цыма дӕ мадимӕ дзурыс, афтӕ; дӕхицӕй кӕстӕр сылгоймӕгтимӕ — дӕхи хотимӕ дзурӕгау, хиуылхӕцгӕ ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ.
Хистӕрӕй — Хуыцауы ӕвзӕрст ӕхсинмӕ ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕм, ӕрмӕст ӕз нӕ, фӕлӕ ӕцӕгад базонджытӕ се ’ппӕт дӕр зӕрдиагӕй кӕй уарзынц, уыдонмӕ.