10 Саламтӕ — Чырыстийыл йӕхи ӕнувыдӕй равдисӕг Апеллесӕн. Саламтӕ — Аристовулы хӕдзаронтӕн.
Йӕ ахӕм цардӕй Чырыстийӕн чи лӕггад кӕны, уый ӕлхӕны Хуыцауы зӕрдӕ, ӕмӕ дзы адӕм дӕр сты райгонд.
Саламтӕ — Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕйӕн — мемӕ Йесо Чырыстийӕн лӕггадгӕнджытӕн.
Саламтӕ — ахӕстоны мемӕ чи уыди, мӕ уыцы ӕмбӕстӕгтӕ Андроник ӕмӕ Юнийӕн. Уыдон апостолты ӕхсӕн зындгонд сты, Чырыстийыл мӕнӕй раздӕр баууӕндыдысты.
Йесойы мӕрдтӕй Чи райгас кодта, Уый Уд кӕд уӕ зӕрдӕйы цӕры, уӕд, Чырыстийы мӕрдтӕй Чи райгас кодта, Уый уӕ буар дӕр — мӕлӕтӕн лӕвӕрд — райгас кӕндзӕни, уӕ зӕрдӕйы Чи цӕры, Йӕ уыцы Уды руаджы.
Ӕцӕг уӕм алыхуызон зондахаст дӕр хъуамӕ уа, уе ’хсӕн фӕлтӕрд чи у, уыдон куыд сбӕлвырд уой, афтӕ.
Ӕз зонын иу чырыстон адӕймаджы. Цыппӕрдӕс азы размӕ йӕ, — нӕ зонын, йӕ буары уыд ӕви нӕ, Хуыцау ӕй зоны, — систӕуыд ӕртыккаг уӕларвмӕ.
Фысгӕ дӕр уӕм, алы хъуыддаджы дӕр коммӕгӕс стут ӕви нӕ, уый бафӕлварыны тыххӕй ныккодтон.
Уӕдӕ Чырыстиимӕ чи ис, уый ног адӕймаг у — йӕ зӕронд цардӕн ӕрцыд кӕрон, райдыдта йӕ ног цард.
Семӕ ма сын ӕрвитӕм, бирӕ хъуыддӕгты йӕхи ӕнувыдӕй чи равдыста, нӕ уыцы ӕфсымӕры. Ныр та ноджы ӕнувыддӕр у, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ тынг дары сымахыл.
Иудейы чи ис, Чырыстийы уыцы аргъуанты уырнджытӕн лӕгӕй-лӕгмӕ зонгӕ нӕ уыдтӕн.
Ӕртасын уӕ кӕныны ӕмӕ, Йӕ фӕдзӕхстытӕн уӕ зӕрдӕйы цы бынат ис, уый базоныны охыл уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры цы фӕндагыл фӕкодта, уый уӕ рох ма уӕд.
Тимофей фӕлтӕрд кӕй у, уый та зонут, уымӕн ӕмӕ, фырт йӕ фыды фарсмӕ куыд балӕууа, афтӕ мемӕ Фарны Уац хъусын кӕныныл куыста ӕнувыдӕй.
Ахӕмты фыццаг хъӕуы бафӕлварын, ӕмӕ ӕнӕфау куы разыной, уӕд-иу диакъоны лӕггад кӕнӕнт.
Саламтӕ ратт Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕйӕн, стӕй Онисифоры хӕдзаронтӕн.
Сыгъзӕрин фӕразы артӕн, фӕлӕ уӕддӕр ӕнусон нӕу; сыгъзӕринӕй зынаргъдӕр чи у, уӕ уыцы фӕлтӕрд уырнындзинад раппӕлыны, намыс ӕмӕ кады аккаг уыдзӕн, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд.