1 Базонгӕ ут нӕ хо Фивӕимӕ, Кенхрейы аргъуаны уазлӕггадгӕнӕгимӕ.
Уымӕн ӕмӕ, Мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у Мӕнӕн Ме ’фсымӕр, Мӕ хо ӕмӕ Мӕ мад».
ӕмӕ, кӕд ӕфхӕрд ӕййафдзӕн, уӕддӕр ныридӕгӕн, ацы заманы, фондзыссӕдз хатты фылдӕр чи нӕ райса хӕдзӕрттӕ, ӕфсымӕртӕ, хотӕ, мадӕлтӕ, сывӕллӕттӕ ӕмӕ зӕххытӕ, фидӕны та — мыггагмӕйы цард.
Хузайы ус Иоаннӕ — Ироды хӕдзары уынаффӕгӕнӕг; уыдонимӕ ма — Сусаннӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр сылгоймӕгтӕ. Се ’ппӕт дӕр сӕхи хардзӕй лӕггад кодтой Йесойӕн ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн.
Павел Коринфы дзӕвгар бафӕстиат, стӕй хӕрзбон загъта ӕфсымӕртӕн ӕмӕ Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕимӕ науы ацыди Сиримӕ. Хуыцауӕн дзырд кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ балцы размӕ Кенхрейы алвыдта йӕ сӕр.
Афтӕ нӕ уайы, цыма та уын мах дӕр ногӕй, мӕнӕ куыд хорз стӕм, зӕгъгӕ, нӕхи бацамоныныл архайӕм? Кӕйдӕрты сӕхицӕй ӕппӕлыны сӕр куыд хъӕуы, афтӕ махмӕ дӕр хъуамӕ ахӕм фыстӕджытӕ уа сымахӕн равдисынӕн, кӕнӕ уын сӕ уӕхицӕй хъуамӕ райсӕм?
ацӕргӕ сылгоймӕгтимӕ — цыма дӕ мадимӕ дзурыс, афтӕ; дӕхицӕй кӕстӕр сылгоймӕгтимӕ — дӕхи хотимӕ дзурӕгау, хиуылхӕцгӕ ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ.
нӕ хо Апфиамӕ, не ’мтохгӕнӕг Архиппмӕ ӕмӕ, дӕ хӕдзары цы аргъуан ӕмбырд кӕны, уымӕ.
Зӕгъӕм, де ’фсымӕр кӕнӕ дӕ хо сты бӕгънӕг ӕмӕ сӕм бонваг хойраг дӕр нӕй,