Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Ромӕгтӕм 15:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр Йӕхи мӕт нӕ кодта. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъы Сыгъдӕг Фыст: «Дӕу чи ӕлгъыста, уыдоны ӕлгъыстытӕ Мӕныл ӕрцыдысты».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Ромӕгтӕм 15:3
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн куы суа, уӕд ын уый ӕгъгъӕд у. Цагъар дӕр йӕ хицауы хуызӕн куы суа, уӕд уымӕн дӕр ӕгъгъӕд у. Хӕдзары хицауы Веелзевул куы хоной, уӕд ын йӕ хӕдзаронты ноджы цыфыддӕртӕ не схондзысты, ӕви?


Йӕхӕдӕг иу чысыл ӕддӕдӕр ацыд, зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ куывта: «Мӕ Фыд, кӕд гӕнӕн ис, уӕд Мӕ ацы хъизӕмӕртты кӕхцӕй бахиз. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд».


Ногӕй та фӕхибар кодта Йӕхи ӕмӕ куывта: «Мӕ Фыд, кӕд Мын ацы хъизӕмӕртты кӕхцӕн ӕнӕ бануазгӕ нӕй, уӕд, Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд».


Йемӕ Йын кӕй байтыгътой, уыцы абырджытӕ дӕр Ӕй фаудтой.


Ӕз Мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ куыд сӕххӕст кодтон ӕмӕ Йӕ уарзтӕй хайджын куыд дӕн, афтӕ сымах дӕр Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд хайджын уыдзыстут Мӕ уарзтӕй.


Ӕз се ’хсӕн, ӕндӕр искӕмӕн йӕ бон саразын кӕй нӕ уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ куынӕ скодтаин, уӕд тӕригъӕды тыххӕй азымджын нӕ уаиккой. Ныр та сӕ федтой, уӕддӕр Мӕнӕй ӕмӕ Мӕ Фыдӕй се сӕфт уынынц.


Йесо сын загъта: «Мӕ хойраг у Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ Йын Йӕ хъуыддаг кӕронмӕ саразын.


Мӕнӕн Мӕхи фӕндӕй мӕ бон саразын ницы у. Куыд загъд Мын уыди, афтӕ тӕрхон кӕнын, ӕмӕ Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ, Мӕхи цы фӕнды, уый нӕ кӕнын, фӕлӕ, Мӕ Рарвитӕджы цы фӕнды, уый.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн Мӕхи цы фӕнды, уый нӕ, фӕлӕ, Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ.


Мӕ Рарвитӕг Мемӕ ис, иунӕгӕй Мӕ нӕ ныууагъта, уымӕн ӕмӕ Йын фӕндон цы у, Ӕз кӕддӕриддӕр уый кӕнын».


Уымӕн ӕмӕ сымах зонут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх. Йесо хъӕздыг уыди, фӕлӕ уӕ сӕраппонд Йӕхи сгӕвзыкк кодта, Йӕ гӕвзыккӕй сымах куыд схъӕздыг уат, афтӕ.


Сымах алцӕмӕ дӕр хъуамӕ кӕсат Йесо Чырыстийы цӕстӕй:


Уый нӕ, фӕлӕ ма Йӕхи уымӕй ноджы фӕныллӕгдӕр кодта ӕмӕ сӕрныллӕгӕй мӕлӕт райста, дзуарылтыгъдӕй мӕлӕт.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ