28 Ӕз уый куы саразон ӕмӕ, цы ӕрӕмбырд ис, уый сӕм мӕхӕдӕг куы фӕхӕццӕ кӕнон, уӕд Испанимӕ мӕ фӕндаг сараздзынӕн сымах уылты.
Адӕймаджы зӕрдӕйы бирӕ фӕндтӕ ис, фӕлӕ, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг цы сфӕнд кодта, уый сӕххӕст уыдзӕн.
Кӕй бон ма у ӕрмӕст зӕгъын, цӕмӕй Йӕ ныхас сӕххӕст уа? Йӕ бар нӕ цӕуы алцӕуыл?
Уыдон ацыдысты ӕмӕ зӕппадзӕн йӕ разы хъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрдтой, бахизӕны дурыл та — мыхуыр.
Йӕ ныхасыл ын чи ӕууӕнды, уый та уымӕй ӕвдисы, Хуыцау ӕцӕг кӕй у, уый.
Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ Павелы бафӕндыд Македони ӕмӕ Ахайыл Йерусалиммӕ ацӕуын. Павел загъта: «Йерусалимы фӕстӕ хъуамӕ бабӕрӕг кӕнон Ром дӕр».
уымӕ гӕсгӕ, Испанимӕ цӕугӕйӕ, сымах фенынмӕ дӕр фездӕхдзынӕн ӕмӕ уӕм иу цасдӕр афӕстиат уыдзынӕн. Стӕй мын, дызӕрдыг нӕ кӕнын, сымах баххуыс кӕндзыстут мӕ фӕндагыл дарддӕр ацӕуынмӕ.
Ӕз уын уый хуынтӕ уӕ бацагурыны тыххӕй нӕ дзурын. Мӕн фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгтӕй уӕхицӕн фылдӕр ӕфтиаг уа.
Уыцы Уац ӕрхӕццӕ ис сымахмӕ, ӕмӕ, ӕппӕт дунейы куыд ӕнтыстджын у ӕмӕ парахат кӕны, афтӕ йын ӕнтысы сымахмӕ дӕр, Хуыцауы хорзӕх ӕцӕгӕйдӕр цавӕр у, ахӕмӕй йӕ куы фехъуыстат ӕмӕ куы базыдтат, уӕдӕй фӕстӕмӕ.