17 Уӕдӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы мӕ бон раппӕлын у, Хуыцауы номыл цы уазлӕггад кӕнын, уымӕй.
Кӕд Авраам йӕ хъуыддӕгты фӕрцы сраст ис, уӕд сӕ йӕ бон уыди сӕрыстыр уӕвын, фӕлӕ Хуыцауы раз — нӕ.
Кӕд ницы пайда у, уӕддӕр хъуамӕ раппӕлон мӕхицӕй. Райдайдзынӕн дзурын, Хицау мын цы фенын ӕмӕ раргом кодта, уыдӕтты тыххӕй.
Ӕз уыл тынг ӕууӕндын, тынг буц уӕ дӕн. Не стыр зынты дӕр ӕз дӕн ныфсджын, ӕмӕ кӕрон нӕй мӕ цинӕн.
Мах стӕм ӕцӕг сунӕтгонд — кусӕм Хуыцауӕн, Сыгъдӕг Уд нӕ куыд аразы, афтӕ. Нӕ зӕрдӕ зӕххоныл нӕ дарӕм, фӕлӕ сӕрыстыр стӕм, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стӕм, уымӕй.
Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе ’фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йӕхи нывондӕн ӕрхӕсса.
Уымӕн ӕмӕ алы алчер дӕр адӕмы ’хсӕнӕй ӕвзӕрст ӕрцӕуы, адӕмы тыххӕй йӕ сӕвӕрдӕуы Хуыцауӕн кусӕгӕй, цӕмӕй Йын Йӕ размӕ хуынтӕ ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ хӕсса.