12 Исайа дӕр зӕгъы: «Фӕзындзӕн Йессейы Ӕвзар ӕмӕ адӕмтӕн хицауиуӕг кӕндзӕн; адӕмтӕ Йыл дардзысты сӕ зӕрдӕ».
Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.
Боазӕй — Овед, Оведӕй — Йессей.
цалынмӕ Хуыцауы Кувӕндонмӕ бацыдтӕн ӕмӕ сын сӕ кӕрон базыдтон, уӕдмӕ.
Йессейы калд бӕласы бындзӕфхад суадздзӕни тау, ӕмӕ дзы ног тала сырӕздзӕн.
Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд, Йессейы Ӕвзарӕй цы тала сырӕза, уый адӕмтӕн суыдзӕни цӕстуынгӕ нысан, адӕмтӕ йӕ бацагурдзысты. Цы бынаты ӕрцӕра, уымӕн йӕ кады кой айхъуысдзӕни дӕрдтыл.
Загъта мын: «Ды — Мӕ лӕггадгӕнӕг, фӕлӕ ма, уымӕй уӕлдай, Ды Йаковы раздӕры хъомыс раздахдзынӕ. Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды рухс суыдзынӕ адӕмтӕн, цӕмӕй, Мӕнӕй цы ирвӕзындзинад рацыд, уый аххӕсса зӕххы кӕрӕттӕм».
О Дунедарӕг! Ды — мӕ тых, мӕ мӕсыг, бӕллӕхы заман ме ’мбӕхсӕн Ды дӕ! Цӕудзысты Дӕм зӕххы кӕрӕттӕй адӕмтӕ, зӕгъдзысты Дын: «Нӕ фыдӕлтӕн сӕ бынтӕ — ӕнӕпайда гуымирытӕ, мӕнгдзинад.
Ацы паддзахӕдты заман Уӕларвон Хуыцау сырӕзын кӕндзӕн мыггагмӕйы паддзахад. Уыцы паддзахадыл ӕндӕр адӕмтӕ никуы фӕуӕлахиз уыдзысты, никуы фесӕфдзӕн. Йӕ размӕ цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны ныззыгуым кӕндзӕн, йӕхӕдӕг та лӕудзӕнис ӕнусмӕ.
Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыдысты хицаудзинад, кад ӕмӕ паддзахад. Ӕппӕт адӕмтӕ, адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕрзоныг кодтой Йӕ разы. Йӕ хицаудзинад ӕнусон у, ӕмӕ Йӕ паддзахад сӕфтмӕ никуы ӕрцӕудзӕн.
Уый фӕзындзӕн ӕмӕ сӕ хиздзӕн Дунедарӕджы хъаруйӕ, Йӕ Дунедарӕг Хуыцауы хъомысджын номимӕ. Ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы заман зӕххы кӕрӕттӕм аххӕсдзӕни Йӕ хъомыс.
Ӕмӕ адӕмтӕ сӕ зӕрдӕ дардзысты Йӕ номыл».
Ӕмӕ, кӕд Чырыстийыл ӕрмӕстдӕр ацы царды дарӕм нӕ зӕрдӕ, уӕд ӕппӕт адӕмы ’хсӕн махӕй ӕнамонддӕр нӕй.
Ӕмӕ ацы тухӕнтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын, фӕлӕ сӕ худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ, Кӕуыл баууӕндыдтӕн, уый зонын ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын: мӕ бӕрны цы бакодта, уый бахъахъхъӕнын Йӕ бон у Йе ’рцыды бонмӕ.
Йӕ фӕрцы сымах баууӕндыдыстут Хуыцауыл. Уый Йӕ райгас кодта мӕрдтӕй ӕмӕ Йын радта кад, цӕмӕй сымах Хуыцауыл баууӕндат ӕмӕ Йыл уӕ зӕрдӕ дарат.
Ӕмӕ Йыл уыцы хъуыддаджы йӕ зӕрдӕ чидӕриддӕр дары, уый сыгъдӕг кӕны йӕхи, уымӕн ӕмӕ Уый сыгъдӕг у.
«Ӕз, Йесо, Мӕ зӕды арвыстон ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сымахӕн аргъуанты зӕгъынмӕ. Ӕз дӕн Давиды Ӕвзар ӕмӕ Байзӕддаг, тӕмӕнкалгӕ Бонвӕрнон».
Уӕд мын цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕрӕй иу загъта: «Ма ку, мӕнӕ фӕуӕлахиз Домбай, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, Давиды Ӕвзар. Уый асӕтдзӕн авд мыхуыры ӕмӕ байгом кӕндзӕн чиныг».