1 Мах, йӕ уырнындзинад тыхджын кӕмӕн у, уыдон хъуамӕ ӕрмӕст нӕхи кой ма кӕнӕм, фӕлӕ ӕнӕбонтӕн ӕххуыс кӕнӕм сӕ лӕмӕгъдзинӕдты уаргъ хӕссын.
Йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕмӕн у, ууыл уӕхи ма тигъ кӕнут, ӕмӕ уӕм иу хъуыды кӕй нӕй, уый тыххӕй йемӕ быцӕуыл ма ныллӕуут.
Иуӕн йӕ уырнындзинад дӕтты алцы хӕрыны бар дӕр, лӕмӕгъ та айдагъ халсартӕ хӕры.
Хуыцау Йӕ дзырдӕн хицау кӕй разындзӕн, ууыл нӕ фӕгуырысхо ис, йӕ уырнындзинад дзы бауагъта тых, ӕмӕ скад кодта Хуыцауӕн,
Мах ӕнӕзонд стӕм Чырыстийы сӕраппонд, сымах та зондджын чырыстӕттӕ стут; мах ӕдых стӕм, сымах — тыхджын; сымах кадджын стут, мах — ӕгад.
Лӕмӕгъты ӕрхоныны сӕраппонд лӕмӕгътӕн сдӕн лӕмӕгъау. Ӕппӕтӕн дӕр ӕз сдӕн алцы, цӕмӕй цыфӕндыйӕ дӕр фервӕзын кӕнон иуӕй-иуты.
Уымӕ гӕсгӕ Чырыстийы сӕраппонд ӕз райгонд дӕн мӕ лӕмӕгъдзинадӕй, ме ’фхӕрдӕй, мӕ хъуӕгтӕй, мӕ фӕдыл кӕй зилынц, уымӕй, мӕ тыхст уавӕртӕй. Уымӕн ӕмӕ тыхджын вӕййын лӕмӕгъӕй.
Ӕппынфӕстаг, ме ’фсымӕртӕ, удвидар кӕнут Бардарӕгимӕ, Йӕ хъомыс ӕмӕ Йӕ хъаруйы фӕрцы.
Алкӕмӕн дӕр уӕ йӕ мӕт йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл уӕд.
Ноджы ма уын лӕгъстӕ кӕнӕм, ӕфсымӕртӕ: магусатӕн амонут зонд, ныфс уадзут ӕнӕныфсыты, ӕххуыс кӕнут лӕмӕгътӕн, быхсут алкӕмӕн дӕр.
Уӕдӕ, мӕ хъӕбул, дӕхи фидар кӕн, Йесо Чырыстийы руаджы кӕмӕй схайджын стӕм, уыцы хорзӕхӕй.
Ныффыстон уӕм, сабитӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат Фыды. Ныффыстон уӕм, хистӕртӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат, райдианӕй Чи ис, Уый. Ныффыстон уӕм, фӕсивӕд, уымӕн ӕмӕ сымах тыхджын стут, Хуыцауы дзырд цӕры уӕ зӕрдӕты ӕмӕ сымах басастат Фыдгӕнӕджы.