Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Ромӕгтӕм 14:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Бардарӕг Йесоимӕ кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ ӕз зонын ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын, зӕххыл чъизи хойраг кӕй нӕй, ууыл; исчи чъизийыл цы нымайы, уый ӕрмӕст уымӕн у чъизи.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Ромӕгтӕм 14:14
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йын кӕйдӕрты федтой ӕнӕсыгъдӕг, ома ӕнӕхсад, къухтӕй хӕргӕ.


ӕмӕ сын загъта: «Сымах хорз зонут, иудейагӕн кӕй нӕй муртаттагимӕ ӕмбӕлыны кӕнӕ йын йӕ хӕдзармӕ бацӕуыны бар. Фӕлӕ мын Хуыцау раргом кодта, ӕз иу адӕймаджы дӕр ӕлгъаг ӕмӕ чъизийыл куыд нӕ нымайон, афтӕ.


Иуӕн йӕ уырнындзинад дӕтты алцы хӕрыны бар дӕр, лӕмӕгъ та айдагъ халсартӕ хӕры.


Хойраджы тыххӕй Хуыцауы хъуыддаг ма хал. Алы хойраг дӕр сыгъдӕг у, фӕлӕ хойраджы тыххӕй искӕй чи фӕкӕлын кӕны, уый ӕвзӕрдзинад аразы.


Исты хӕры, фӕлӕ уыцы рӕстӕг, хӕрын ын ӕй фӕччы ӕви нӕ, ууыл дызӕрдыг чи кӕны, уый та ныридӕгӕн тӕрхонгонд у, уымӕн ӕмӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ нӕ архайы. Уырнындзинадмӕ гӕсгӕ цы нӕ уа, уый та нысан кӕны тӕригъӕды бацӕуын.


Уӕййаг цыдӕриддӕр у, уый хӕрут ӕнӕ равзар-бавзарӕй, ӕнӕзӕрдӕхсайгӕйӕ.


Дӕумӕ ис зонынад, ӕмӕ дӕ исчи муртаттӕгты кувӕндоны фынгыл бадгӕ куы фена, уӕд, йӕхӕдӕг лӕмӕгъ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йын йе ’фсарм мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хӕрыны бар нӕ ратдзӕн, ӕви?


Фӕлӕ алкӕмӕ фаг зонынад нӕй: иуӕй-иутӕ мӕнг хуыцӕуттыл афтӕ сахуыр сты, ӕмӕ нывондаг хойраг куы фӕхӕрынц, уӕд ӕй нымайынц гуымирыйӕн хаст нывондыл, ӕмӕ сын сӕ лӕмӕгъ ӕфсарм фӕзӕгъы, фӕчъизи сты, зӕгъгӕ.


Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уый у хорз ӕмӕ аппаринаг нӕу, бузныгӕй дзы куы хӕрай, уӕд,


Сыгъдӕджытӕн ӕппӕт дӕр сыгъдӕг у; чи фӕчъизи ис, уыдонӕн ӕмӕ ӕнӕуырнджытӕн та ӕппӕт дӕр у чъизи, уымӕн ӕмӕ сӕ зонд ӕмӕ сӕ цӕсгом фӕчъизи сты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ