10 Ды та цӕмӕн тӕрхон кӕныс де ’фсымӕрӕн? Ӕмӕ ды дӕр цӕмӕн дӕлдӕр кӕныс де ’фсымӕры? Не ’ппӕт дӕр Хуыцауы тӕрхоны раз ӕрлӕудзыстӕм.
Мӕ лӕппу! Цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ дӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвит, де ’рыгон бонты царды цинӕй бафсӕд; дӕ зӕрдӕйы фӕндиаг, дӕхимӕ хуыздӕр куыд кӕсы, дӕ цӕстытӕн ӕхсызгон цы у, уый кӕн, фӕлӕ зон: дӕ хъуыддӕгтӕн дын Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн алы хъуыддагӕн, уыимӕ — сусӕг хъуыддӕгтӕн, хорзӕй, ӕвзӕрӕй.
Иннӕтӕн тӕрхонгӕнӕг ма ут, ӕмӕ уын Хуыцау дӕр не стӕрхон кӕндзӕн,
Йӕхи раст чи хуыдта ӕмӕ иннӕты та чи ницӕуыл нымадта, уыдонӕн та Йесо ӕрхаста ахӕм ӕмбисонд:
Ирод ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕ Йесойы ӕгады бынаты сӕвӕрдтой, сӕхицӕн дзы хъазӕнхъул сарӕзтой. Уый фӕстӕ Йыл Ирод зынаргъ дарӕс скӕнын кодта ӕмӕ Йӕ фӕстӕмӕ Пилатмӕ арвыста.
Фыд тӕрхон дӕр никӕмӕн кӕны, фӕлӕ тӕрхоны бартӕ иууылдӕр радта Йӕ Фырты къухмӕ,
Ӕмӕ Йесо махӕн бафӕдзӕхста адӕммӕ Фарны Уац фӕхӕссын, Уый удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн Хуыцауӕй ӕвӕрд Тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн лӕууын.
Уымӕн ӕмӕ снысан кодта, Кӕй сӕвзӕрста, уыцы Адӕймаджы фӕрцы „дунейӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон рахӕссыны бон“. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый алкӕмӕн дӕр равдыста, мӕрдтӕй Йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй».
Уый у, „сымах, аразджытӕ, кӕуыл нӕ барвӕссыдыстут, фӕлӕ фисыны сӕйраг дур чи сси“.
Ӕппӕт уыдӕттӕ рабӕрӕг уыдзысты, Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау адӕмы сусӕг хъуыдытӕн ӕмӕ хъуыддӕгтӕн тӕрхон куы кӕна, уӕд. Афтӕ зӕгъы, ӕз цы Фарны Уац хъусын кӕнын, уый.
Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.
Уымӕн ӕмӕ не ’ппӕты дӕр Чырыстийы тӕрхоны раз ӕрлӕууын бахъӕудзӕни, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцӕуа, йӕ буары ма куы уыди, уӕд хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ.