Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Ромӕгтӕм 13:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 «Ма хӕт», «Ма амар», «Ма дав», [«Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу»], «Дӕу цы нӕу, уымӕ ма бабӕлл», — уыцы фӕдзӕхстытӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр сӕ мидис мӕнӕ ацы ныхӕсты ис: «Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Ромӕгтӕм 13:9
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дӕ адӕмӕй дӕ маст ма ис, хӕрамзӕрдӕйӕ макӕмӕ кӕс. Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ. Ӕз дӕн Дунедарӕг.


Цыма бынӕттон цӕрджытӕ сты, ахӕм цӕстӕй сӕм кӕсут. Уарзут сӕ, уӕхи куыд уарзут, афтӕ. Рох уӕ ма уӕд, уӕхӕдӕг дӕр Мысыры зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ кӕй уыдыстут, уый. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


Дыккаг дӕр уый хуызӕн у: „Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз“.


Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын зоныс: „Ма амар“, „Ма хӕт“, „Ма дав“, „Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу“, „Ма сай“, „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“».


Дыккаг ахсджиаг фӕдзӕхст та ахӕм у: „Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз“. Адонӕй ахсджиагдӕр фӕдзӕхстытӕ нӕй».


Уый Йын дзуапп радта: «„Уарз дӕ Бардарӕг Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт хъаруйӕ ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“. Ноджы ма: „Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“».


Ды фӕдзӕхстытӕ зоныс: „Ма хӕт“, „Ма амар“, „Ма дав“, „Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу“, „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“».


Сӕрибармӕ хуынд стут, ӕфсымӕртӕ; ӕрмӕст уӕ сӕрибар ма асайӕд уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгтӕ ӕфсадынмӕ, фӕлӕ, кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ, уӕ иу иннӕмӕн лӕггад кӕнӕд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ