5 Уӕдӕ коммӕ кӕсын хъӕуы канд ӕфхӕрд баййафыны тасӕй нӕ, фӕлӕ ӕфсӕрмӕй дӕр.
Куырыхонимӕ кӕй абардзынӕ? Алцы дын уый хуызӕн чи бамбарын кӕндзӕн? Куырыхоны цӕсгом рухс у, Ӕппӕтхъомыс ын йӕ цӕсгомы хуыз ивы.
Ӕз афтӕ зӕгъын: байхъус паддзахы фӕдзӕхстмӕ, афтӕмӕй Хуыцауы раз дӕ сомы сӕххӕст кӕндзынӕ.
Уымӕ гӕсгӕ ӕз архайын Хуыцауы ӕмӕ адӕмы раз кӕддӕриддӕр сыгъдӕг цӕсгомимӕ цӕрыныл.
Сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ, хицӕуттӕ Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнынц, сымах хъалон дӕр уымӕ гӕсгӕ фидут.
Кувут мах тыххӕй. Не ’фсарм сыгъдӕг кӕй у, уый нын дызӕрдыггаг нӕу, уымӕн ӕмӕ архайӕм алцӕмӕй дӕр рӕстӕй цӕрыныл.
Уымӕн ӕмӕ исчи ӕназымӕй ӕфхӕрд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ куы ӕвзара ӕмӕ, йӕ зӕрдӕ Хуыцауимӕ кӕй ис, уый сӕраппонд куы быхса, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у.
Уӕ цӕсгомыл къӕм абадын ма бауадзут, ӕмӕ фӕхудинаг уой, уӕ дзӕбӕх чырыстон цардыл цъыф чи калы, уыдон.