15 Цин кӕнут, цин чи кӕны, уыдонимӕ ӕмӕ кӕут, чи кӕуы, уыдонимӕ.
Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, ӕз сбадтӕн ӕмӕ ныккуыдтон, цалдӕр боны хъынцъым кодтон, ком дардтон ӕмӕ куывтон уӕларвон Хуыцаумӕ:
Иовы бӕллӕхты кой йе ’ртӕ хӕлары ӕрыхъуыстой ӕмӕ йӕ бабӕрӕг кӕнынмӕ сӕ хӕдзӕрттӕй рараст сты: Елифаз — Теманы сахарӕй, Билдад — Шуахӕй, Цофар — Наамайӕ. Сӕмбӕлдысты, цӕмӕй йӕм иумӕ ацӕуой, йе ’нцой балӕууой ӕмӕ йын ныфсытӕ авӕрой.
Ау, зын раны чи бахауди, уыдоныл нӕ хъыг кодтон? Ау, мӕ зӕрдӕ нӕ рысти мӕгуыры тӕригъӕдӕй?
кӕуынӕн ӕмӕ худынӕн; хъарӕг кӕнынӕн ӕмӕ кафынӕн;
Эфиопаг Еведмелех загъта Йеремиайӕн: «Ацы бызгъуыртӕ ӕмӕ хӕцъилтӕ бӕндӕнты бын дӕ дӕлӕрмтты бавӕр». Йеремиа афтӕ бакодта.
Мӕ сӕр куы фестид ӕнӕхъӕнӕй цӕссыгтӕ, мӕ цӕстытӕ — цӕссыгдоны гуырӕн, ӕхсӕвӕй-бонӕй уӕд дзыназин ӕз мӕ адӕмӕн сӕ мӕрдтыл!
Хуыцау ын стыр арфӕ кӕй ракодта, уый фехъуыстой йӕ сыхӕгтӕ, йӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ цин кодтой йемӕ.
Ӕмӕ иудейӕгтӕй бирӕтӕ ӕрбацыдысты Марфӕ ӕмӕ Мариамӕ се ’фсымӕры зианы тыххӕй сын тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ.
Уырдӕм куы бахӕццӕ ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй Бардарӕгыл уой иузӕрдион.
Уымӕ гӕсгӕ буары иу уӕнг куы фӕриссы, уӕд иннӕтӕ дӕр фӕриссынц йемӕ. Иу уӕнг куы скадджын уа, уӕд иннӕ уӕнгтӕ дӕр цин кӕнынц йемӕ.
Кӕйдӕр хъару куы асӕтты, уӕд исты мӕ хъару дӕр йемӕ нӕ асӕтты? Исчи куы фӕрӕдийы ӕмӕ куы фӕкӕлы, уӕд иууылдӕр не ссудзын артау?
Фысгӕ дӕр уӕм уый тыххӕй ныккодтон, цӕмӕй уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд мӕ маст ма бауадзой, мӕ зӕрдӕ кӕмӕй хъуамӕ барухс уа, уыдон. Уырны мӕ: мӕ цин уе ’ппӕты цин дӕр у.
Уымӕн ӕмӕ тынг бӕллы уе ’ппӕты фенынмӕ дӕр ӕмӕ стыр мӕты бафтыд, йӕ фӕрынчыны хабар уӕм кӕй байхъуыст, уый тыххӕй.
Уымӕ гӕсгӕ уӕм ӕй ӕрвитын ӕвӕстиатӕй, цӕмӕй уын йӕ фенд ӕрхӕсса цин, мӕнӕн та мӕ хъыг фӕкъаддӕр уа.
Ма рох кӕнут ахӕстыты, цыма уӕхӕдӕг дӕр семӕ ахӕстоны стут, уыйау. Уӕ зӕрдыл дарут, тухӕнтӕ чи ӕвзары, уыдоны — гӕнӕн ис, ӕмӕ уӕхи дӕр бахъӕуа тухӕнтӕ ӕвзарын.