5 Афтӕ ныр дӕр — ис, Хуыцау Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ кӕй сӕвзӕрста, ахӕм адӕм.
Чи зоны, ӕмӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Ассирийы паддзах нӕм цардӕгас Хуыцауы фауынмӕ кӕй ӕрбарвыста, уыцы сӕйраг дзагдары ныхӕстӕ фехъуса ӕмӕ йӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, уыцы ныхӕсты тыххӕй бафхӕра. Уӕдӕ скув, удӕгасӕй ма чи баззади, уыдоны тыххӕй».
Сионы цӕрджытӕй удӕгасӕй чи баззайа, Йерусалимы сахары чи аирвӕза ӕмӕ, цӕмӕй Йерусалимы цӕрой, уый тыххӕй сӕ нӕмттӕ чиныджы фыст кӕмӕн ӕрцӕуой, уыдоны схондзысты уаз адӕм.
Фарны Уацыл кӕй не ’ууӕндынц, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы знӕгтӕ сты, ӕмӕ уый уӕ пайдайӕн у. Фӕлӕ уыдон ӕвзӕрст адӕм сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау уарзы сӕ рагфыдӕлты тыххӕй.
Гуыргӕ дӕр нӕма ракодтой, хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницыма сарӕзтой, афтӕмӕй Хуыцау Ревеккӕйӕн загъта, цӕмӕй равдиса, цы снысан кодта,
Исайа та Израилы тыххӕй зӕгъы: «Израилы фыртты нымӕц денджызы змисау куы уа, уӕд дӕр сӕ ӕрмӕст чысыл къорд фервӕздзӕн.