Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Ромӕгтӕм 11:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Цы дзуапп ын радта Хуыцау? «Ӕз Мӕхицӕн ныууагътон, Баалы раз сӕ зонгуытыл чи не ’рлӕууыд, уыцы авд мин адӕймаджы».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Ромӕгтӕм 11:4
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Наваты фырт Йоровамы тӕригъӕдджын митӕ кӕй фӕзмыдта, уый йын ӕгъгъӕд нӕ уыди, фӕлӕ ма ракуырдта сидойнӕгты паддзах Етбаалы чызг Иезавелы ӕмӕ кувын байдыдта Баалӕн.


Уый Йын дзуапп радта: «Ӕз Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕраппонд удуӕлдай куыст кодтон, фӕлӕ Израилы адӕм, семӕ цы фидыд сарӕзтай, уый фехӕлдтой, ныппырх Дын кодтой Дӕ нывондхӕссӕнтӕ, Дӕ пехуымпарты Дын карды амӕттаг бакодтой. Иунӕг ӕз ма дзы баззадтӕн, ӕмӕ мӕ фӕдыл дӕр бафтыдысты, марынвӕнд мӕ скодтой».


Ӕцӕг, Израилы адӕмӕй авд мин лӕджы ныууадздзынӕн сӕрӕгасӕй, уымӕн ӕмӕ уыдонӕй ничи ӕрзоныг кодта Баалы раз, ничи йын аба кодта йӕ гуымирыйӕн».


Сионы цӕрджытӕй удӕгасӕй чи баззайа, Йерусалимы сахары чи аирвӕза ӕмӕ, цӕмӕй Йерусалимы цӕрой, уый тыххӕй сӕ нӕмттӕ чиныджы фыст кӕмӕн ӕрцӕуой, уыдоны схондзысты уаз адӕм.


Баалӕн кувӕндӕттӕ сарӕзтой, цӕмӕй йын иууылсудзинаг нывондӕн сӕ сывӕллӕтты арты судзой! Ӕз ахӕм бардзырд никуы радтон! Уый Мӕнӕн Мӕ хъуыдыйы дӕр нӕ уыди!


Ефремӕн-иу йӕ ныхас куы райхъуыст, уӕд-иу адӕмыл ризӕг бахӕцыд. Стыр кад ын уыд Израилы, фӕлӕ Баалы тыххӕй азымджын фӕци ӕмӕ бабын ис.


Уый нӕ зыдта, Ӕз ын кӕй лӕвӕрдтон хӕринаг, сӕн ӕмӕ сой, ӕнӕнымӕц ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, уый та Баалы гуымиры сарӕзта.


Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕм дӕр Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн, Баалӕй сӕм цыдӕриддӕр баззад, уыдон иууылдӕр фесафдзынӕн, суанг йӕ дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ йӕ сауджынты нӕмттӕ дӕр:


Бандӕгъдысты израилӕгтӕ Баал-Пеорыл, ӕмӕ сӕм Дунедарӕджы маст ссыгъди.


Уӕхи цӕстӕй федтат, Дунедарӕг Баал-Пеоры цытӕ бакодта, уый: Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Баал-Пеоры фӕстӕ чидӕриддӕр адзӕгъӕл ис, уыдонӕн сӕ мыггаг сыскъуыдта.


Сӕ Хуыцауы ныууагътой, Баалтӕн ӕмӕ Астартӕтӕн лӕггад кодтой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ