33 Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, уӕлзонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ!
Мардохей уый базыдта ӕмӕ йӕ Естерӕн загъта, Естер та йӕ Мардохейы номӕй паддзахӕн фехъусын кодта.
Фӕлӕ мӕнӕ ис, цы сусӕг кодтай, уый, зонын дын Дӕ фӕндон.
Ӕви Хуыцауы ӕмбырды уыдтӕ ӕмӕ ӕппӕт уӕлзонд дӕр дӕхи бакодтай?
Рахӕсдзӕн мын ӕмбӕлгӕ тӕрхон — ахӕмтӕй Йе ’вӕрӕнтӕ дзаг сты.
Уый ӕрмӕст — Йӕ хъуыддӕгты чысыл хай, куыд гыццыл фехъуыстам Уый тыххӕй! Уӕдӕ Йын Йӕ хъомысы нӕрын та кӕй зонд ӕрцахсдзӕн?»
Цы быцӕу кӕныс Йемӕ, мӕ фарстӕн мын дзуапп нӕ дӕтты, зӕгъгӕ?
Бацамон нын, цы Йын зӕгъӕм, — ацы сӕудары мах нӕ сӕрӕн ницыуал зонӕм.
Ӕппӕтхъомысыл не ’ххӕссы нӕ зонд. Йӕ хъомысӕй, Йӕ раст тӕрхонӕй цытджын у. Йӕ рӕстад у ӕгӕрон, Уый никӕй ӕфхӕры.
Уымӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕгӕрон, зонд сӕ нӕ ахсы, Йӕ диссӕгтӕн кӕрон дӕр нӕй.
Уымӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ адӕймаджы зонд нӕ ахсы, Йӕ диссӕгтӕн кӕрон нӕй!
Хъалтӕ мын мӕ развӕндагыл сӕвӕрдтой къӕппӕджытӕ, ахсӕн хызтӕ ӕрытыдтой.
Уӕ зӕрдӕ ма дарут нӕдӕр хицӕуттыл, нӕдӕр адӕймагыл — уый уын ирвӕзындзинад не ’рхӕсдзӕн.
сӕуӕхсидау сӕрттивдзӕни дӕ рӕстад, бонрӕфты хурау тӕмӕнтӕ скалдзӕни дӕ рӕстдзинад.
Кувын ӕз: «О Дунедарӕг! Батӕригъӕд мын кӕн! Сдзӕбӕх мӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдджын дӕн Дӕ разы!»
Хуыцауы ныхмӕ ахӕм ныхӕстӕ дзырдтой: «Хуыцауӕн ӕдзӕрӕг быдыры фынг сӕвӕрын Йӕ бон суыдзӕн?
Дӕ уынаффӕтӕ сты ныфсы хос, Дӕ хӕдзар ӕнустӕм уаз рухсӕй фӕлыст у!
Дунедарӕг раргом кодта Йӕ ирвӕзындзинад, ӕппӕт адӕмтӕн раргом кодта Йӕ рӕстад.
Кадджын у Хуыцау — сусӕгтӕ ’мбӕхсӕг, цытджын у паддзах — сусӕгдзинӕдтӕ сгарӕг.
Арвы бӕрзӕндты, зӕххы арфы ӕмӕ паддзахы зӕрдӕйы цы ис, уый зонд нӕ ахсы.
Алцыдӕр хорз йӕ афоныл у, Хуыцауӕн фӕндон куыд у, уымӕ гӕсгӕ. Хуыцау адӕмӕн сӕ зӕрдӕты бавӕрдта ӕнусон дуне ӕмбарыны зонд, фӕлӕ Йын Йӕ хъуыддӕгтӕ кӕронмӕ бамбарын адӕймаджы бон нӕу.
Цы уыди, уыдон тынг дард сты, дард ӕмӕ арф! Цы нысан кӕнынц, уый чи базондзӕн?
Ӕз федтон Хуыцауы хъуыддӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕмӕ загътон: адӕймаг, зӕххыл цытӕ цӕуы, уыдӕттӕ никуы бамбардзӕн, цыфӕнды куырыхон куы уа, уӕд дӕр. Алцы зонын, зӕгъгӕ, куы дзура, уӕддӕр уымӕн афтӕ уӕвӕн нӕй.
Уыцы зонд зӕхкусӕгӕн Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй лӕвӕрд у. Уымӕн та Йӕ фӕндтӕ, Йӕ уынаффӕтӕ ӕмбисонды диссаг сты, Йӕ уӕлзондӕн ӕмбал нӕй.
Ау, ницы зонут? Нӕ фехъуыстат, ӕнӕмӕлгӕ Дунедарӕг — Дунедарӕг Хуыцау — фӕллайгӕ ӕмӕ фӕлмӕцгӕ кӕй нӕ кӕны, уый?
Ӕви Хуыцау хӕрзаудӕг, барон ӕмӕ бирӕбыхсаг кӕй у ӕмӕ дӕ Йе ’нӕкӕрон зӕрдӕхӕларӕй ӕрфӕсмон кӕнынмӕ кӕй хоны, уый не ’мбарыс?
Быхста, Йӕ хорзӕхӕй кӕй хъуамӕ схайджын кодтаид ӕмӕ кад райсынмӕ цӕттӕ чи уыд, уыдонӕн, цӕмӕй сын Йе стыр кад равдиса.
Махӕн та йӕ Хуыцау раргом кодта Уды руаджы; Уд та ӕххӕссы алцӕмӕ дӕр, суанг Хуыцауы уӕлзонды арфмӕ дӕр.
Чырысти не ссӕрибары аргъ бафыста Йӕ Тугӕй, ӕмӕ нын хатыргонд сты нӕ тӕригъӕдтӕ. Афтӕ ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх,
цӕмӕй фидӕны ӕнусты равдиса, куыд ӕгӕрон сты Йӕ хорзӕх ӕмӕ, Йесо Чырыстийы руаджы махмӕ кӕй равдыста, Йӕ уыцы уарзт.
цӕмӕй, уӕлӕрвты чи ис, уыцы хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕн Аргъуаны руаджы ныр зындгонд уа Хуыцауы уӕлзонд, алы хуызы йӕхи чи ӕвдисы, уый.
Йӕ кады стырадӕй уын тых куыд ратта, Йӕ Уды руаджы уӕ удвидар куыд скӕна,
Ӕз кувын, цӕмӕй ӕппӕт сыгъдӕджытимӕ сымахӕн дӕр уӕ бон базонын суа, куыд парахат, ӕгӕрон, бӕрзонд ӕмӕ арф у Чырыстийы уарзт —
Мӕнӕн, сыгъдӕджыты тӕккӕ ницӕйагдӕрӕн, рардӕуыди уыцы хорзӕх — муртаттӕгтӕм Чырыстийы ӕгӕрон хъӕздыгдзинады Фарны Уац фӕхӕццӕ кӕнын,
Хуыцауы бафӕндыди уыцы сусӕгдзинадӕн йӕ кады хъӕздыгад ӕмӕ йе стырад адӕмтӕн раргом кӕнын. Уыцы сусӕгдзинад ис, Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй цӕры, уый мидӕг. Сымах Уый фӕрцы уӕ зӕрдӕ дарут, уӕ фидӕн намысджын кӕй уыдзӕнис, ууыл.