26 Ӕмӕ уӕд ӕгас Израил фервӕздзӕн, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Сионӕй ӕрцӕудзӕн Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ Йаковы байзӕддӕгты суӕгъд кӕндзӕн сӕ фыдракӕндтӕй.
Фӕлӕ Дунедарӕг мыггагмӕ фервӕзын кӕндзӕн Израилы адӕмы. Тъымы-тъыматӕм дӕр никуы фегад ӕмӕ фӕхудинаг уыдзысты.
«О, ӕрцӕудзӕн Ирвӕзынгӕнӕг Сионмӕ, Йаковы байзӕддӕгтӕм, йӕ фыдракӕндтӕ чи ныууагъта, уыдонмӕ», — зӕгъы Дунедарӕг.
«Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй алкӕмӕн дӕр суыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм».
Фӕлӕ Дунедарӕг зӕгъы: «Ныр уацарӕй суӕгъд кӕндзынӕн Йаковы байзӕддаджы, фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕппӕт Израилы адӕмӕн ӕмӕ Мӕ уаз ном фегад кӕнын нал бауадздзынӕн.
Уый фӕстӕ ӕрфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ ӕрцагурдзысты Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, стӕй сӕ паддзах Давиды. Фӕстаг заманы Дунедарӕджы раз аргъуыц кӕнын райдайдзысты ӕмӕ Йын Йӕ хорзӕх агурдзысты.
Ӕмӕ Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ссара, уыдон фервӕздзысты: Сионы хохыл Йерусалимы, адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдон удӕгасӕй баззайдзысты, Дунедарӕг зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ. Дунедарӕг кӕмӕдӕриддӕр фӕсида, уыдон фервӕздзысты.
Ныййардзӕни дын Фырт ӕмӕ Йӕ схондзынӕ Йесо, уымӕн ӕмӕ Уый Йӕ адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзын кӕндзӕн».
Хуыцау Йӕ Фырты мӕрдтӕй куы райгас кодта, уӕд Ӕй фыццаг сымахмӕ арвыста, цӕмӕй уын Уый арфӕ ракӕна ӕмӕ уӕ алчидӕр йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадза».
Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм.