Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Ромӕгтӕм 11:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 уӕд иннӕ къалиутӕм сӕрбӕрзондӕй ма кӕс. Кӕд сӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсыс, уӕд та дӕ рох ма уӕд: уидагыл ды нӕ хӕцыс — уидаг хӕцы дӕуыл.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Ромӕгтӕм 11:18
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ууыл Израилы паддзах Бен-Хадады минӕвӕрттӕн загъта: «Мӕ дзуапп ыл сӕмбӕлын кӕнут: дӕхицӕй-иу раппӕл хӕстмӕ цӕугӕйӕ нӕ, фӕлӕ хӕстӕй здӕхгӕйӕ».


Сӕфты размӕ фӕзыны сӕрыстырдзинад, ӕрхауыны размӕ — ӕнӕввӕрсондзинад.


Петр афтӕ бакодта: «Се ’ппӕт дӕр Дӕ куы ныууадзой, уӕд дӕр Дӕ ӕз никуы ныууадздзынӕн».


Ацы уӕтӕрӕй чи нӕу, ахӕм фыстӕ дӕр Мын ис, ӕмӕ Мӕ уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы. Уыдон дӕр фехъусдзысты Мӕ хъӕлӕс ӕмӕ иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын иу Фыййау уыдзӕни.


Сымах, самариӕгтӕ, кӕмӕ кувут, уый уӕхӕдӕг дӕр нӕ зонут. Мах та Кӕмӕ кувӕм, уый зонӕм, уымӕн ӕмӕ ирвӕзындзинад иудейӕгтӕй цӕуы.


Павел куы ӕрбацыд, уӕд Йерусалимӕй ӕрцӕуӕг иудейӕгтӕ ӕрлӕууыдысты йӕ алыварс, азымджын ӕй кодтой бирӕ уӕззау фыдракӕндты, фӕлӕ сӕм бӕлвырд ӕвдисӕнӕй ницы уыд.


Афтӕ у. Уыдон асастысты, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыди, уый тыххӕй, ды та дӕ уырнындзинады фӕрцы фидар дӕ. Ӕмӕ сӕрыстыр ма у, фӕлӕ дӕм тас уӕд.


Уӕдӕ цӕмӕй раппӕлӕм нӕхицӕй? Ницӕмӕй. Кӕцы Ӕгъдау нын дӕтты ӕппӕлыны бар? Хъуыддӕгтӕ домӕг Ӕгъдау? Нӕ, уырнындзинад домӕг Ӕгъдау.


Уӕдӕ уыцы зӕрдӕбавӕрд уырнындзинадмӕ гӕсгӕ у, цӕмӕй Хуыцауы лӕвар уа ӕмӕ ӕнӕмӕнг аххӕсса Авраамы ӕппӕт байзӕддӕгтыл — Ӕгъдауы дӕлбар чи у, ӕрмӕст уыдоныл нӕ, фӕлӕ Авраамы уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдоныл дӕр. Авраам у не ’ппӕты фыдӕл,


Уӕдӕ кӕд исчи афтӕ ӕнхъӕл у, фидар лӕууы, зӕгъгӕ, уӕд кӕсӕд йӕхимӕ, цӕмӕй ма ахауа.


Кӕд сымах Чырыстийы стут, уӕд Авраамы байзӕддӕгтӕ стут, стӕй, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕн — Йӕ бындартӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ