10 Баталынг уӕд сӕ цӕстырухс, цӕмӕй ма уыной, сӕ фӕсонтӕ ныггуыбыр уӕнт мыггагмӕ».
Ратдзынӕн ӕй уе ’фхӕрджыты къухмӕ, афтӕ уын чи дзырдта, ныддӕлгом ут зӕххыл ӕмӕ уыл къахӕй балӕгӕрдӕм. О, сымах-иу ныддӕлгом стут сӕ разы, ӕмӕ-иу уыдон, надвӕдыл цӕуӕгау, алӕгӕрстой уӕ чъылдымтыл».
Ӕз карды амӕттаг бакӕндзынӕн, сӕргӕвддзысты уӕ фосау! Уымӕн ӕмӕ уӕм Ӕз сидтӕн, фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтат, дзырдтон, фӕлӕ сымах нӕ хъуыстат, ӕнӕуынон Мын цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдоныл бафтыдыстут».
Додойаг у, йӕ дзуджы чи ныууагъта, уыцы ӕвзӕр фыййау! Йӕ къух ын кардӕй ахауын кӕнӕнт, йӕ рахиз цӕст ын дзы скъахӕнт! Йӕ къух бахуыскъ уӕд, ӕмӕ йӕ рахиз цӕст бакуырм уӕд!»
Хуыцауы бӕргӕ базыдтой, фӕлӕ Хуыцауӕн, цы кад Ын ӕмбӕлы, ахӕм кад не скодтой ӕмӕ Дзы бузныг нӕ уыдысты. Сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ӕмӕ се ’нӕмбаргӕ зӕрдӕтыл саудалынг ӕртыхсти.
Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хуыцау сӕ скодта ӕнӕмбаргӕ, ӕмӕ абоны онг дӕр цӕстӕй нӕ уынынц ӕмӕ хъусӕй нӕ хъусынц».
Уыдонӕн сӕ зонд аныгъуылд талынджы, ӕнӕфенд ӕмӕ дурзӕрдӕ кӕй сты, уый аххосӕй ӕнӕхай фесты, Хуыцау цы цард дӕтты, уымӕй.
Ахӕмтӕ сты хуыскъ суадӕттӕ, уад кӕй ахӕссы, ахӕм мигътӕ. Уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны саудалынг.
Тӕригъӕды чи бацыди, суанг уыцы зӕдтыл дӕр нӕ бацауӕрста Хуыцау, ныппӕрста сӕ зындонмӕ ӕмӕ сӕ Тӕрхоны бонмӕ талынджы дары рӕхыстӕй бастӕй;
Уыдон сты, сӕ худинаджы фынк кӕмӕн абухы, уыцы денджызы знӕт уылӕнтау, мыггагмӕйы саудалынг кӕмӕ кӕсы, уыцы дзӕгъӕл стъалытау.
Йӕ кад чи нӕ бахъахъхъӕдта ӕмӕ йӕ цӕрӕн бынат чи ныууагъта, уыцы зӕдты Уый стыр Тӕрхоны бонмӕ ӕнусон талынджы рӕхысбастӕй дары.