21 Израилы тыххӕй та зӕгъы: «Алы бон дӕр, мӕ цӕнгтӕ сӕм даргӕйӕ, сидтӕн ӕгоммӕгӕс ӕмӕ хивӕнд адӕммӕ».
Сызмӕстой ӕмӕ ралӕууыдысты Дӕ ныхмӕ, Де ’Гъдауӕй Дын се ’ргом аздӕхтой. Уӕ Хуыцаумӕ скӕсут, зӕгъгӕ, Дӕумӕ раздӕхыны тыххӕй сын чи лӕгъстӕ кодта, Дӕ уыцы пехуымпарты марыныл нӕ ауӕрстой, Дӕуыл цъыф калыныл нӕ ауӕрстой.
Куы уӕм сидтӕн, уӕд мыл уӕхи атигъ кодтат, мӕ къух уӕм фӕивӕзтон, фӕлӕ мӕм хъусӕг нӕ уыди.
Дунедарӕг уӕм ӕдзухдӕр ӕрвыста йӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, фӕлӕ сӕм нӕ хъуыстат, сӕ ныхӕстӕм сын уӕ хъус никуы ӕрдардтат.
Ӕппынӕдзух уӕм Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ахӕм ныхӕстимӕ ӕрвыстон: „Алчидӕр уӕ йӕ галиу фӕндаг ныууадзӕд, сраст кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ма кувут ӕндӕр хуыцӕуттӕм, ма сын лӕггад кӕнут ӕмӕ уӕд, уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл цӕрдзыстут“. Фӕлӕ Мӕм нӕ байхъустат, Мӕ ныхӕстӕ Мын ницӕмӕ ӕрдардтат.
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау: «Ӕз Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, рагацау сын цы бӕллӕхты тыххӕй загътон, уыдон бавзарын кӕндзынӕн, — Ӕз сын дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстой, сидтӕн сӕм, фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтой».
Ӕмӕ, Йерусалимӕй райдайгӕйӕ, ӕппӕт адӕмтӕм фӕсидын хъӕуы Йӕ номӕй, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сын барст ӕрцӕуой.
уымӕн ӕмӕ ӕз хорз зонын, куыд хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон стут, уый. Цалынмӕ удӕгас дӕн ӕмӕ уемӕ дӕн, уӕдмӕ кӕм нӕ уисӕн кӕнут Дунедарӕгӕн, уым ма, куы амӕлон, уӕд та цы уыдзӕни?
Дунедарӕг мын загъта: „Кӕсын ацы адӕммӕ, ӕмӕ сын басӕттӕн нӕй.
Мах муртаттӕгтӕн хъусын кӕнӕм Фарны Уац сӕ фервӕзыны сӕраппонд, ӕмӕ нын иудейӕгтӕ ӕвӕрынц цӕлхдуртӕ. Афтӕмӕй ӕдзух ӕфтауынц тӕригъӕд тӕригъӕдыл — афтӕ сын сбирӕ сты, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг баййӕфта Хуыцауы азар.
ӕмӕ: «Кӕуыл фӕкӕлдзысты, уыцы Дур, цӕлхдур сын Чи суыдзӕн, уыцы Къӕдзӕх». Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр фӕкӕлынц, уымӕн ӕмӕ не ’ууӕндынц Сыгъдӕг Фыстыл. Афтӕ сын нывгонд у.