Ромӕгтӕм 10:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст18 Фӕлӕ фӕрсын: нӕ йӕ фехъуыстой? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фехъуыстой. Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Ӕппӕт зӕххыл азӕлы сӕ хъӕлӕс, ӕмӕ сӕ ныхас айхъуысти дунейы иу кӕронӕй иннӕмӕ». အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Иудейӕгтӕ баныхас кодтой Павелимӕ, цы бон фембӕлдзысты, уый тыххӕй; ӕмӕ кӕм ӕрбынатон, уырдӕм ӕрцыдысты ноджы фылдӕрӕй. Павел сын райсомӕй изӕрмӕ дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, Моисейы Ӕгъдауӕй ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй сын хаста ӕвдисӕйнӕгтӕ Йесойы тыххӕй ӕмӕ афтӕмӕй архайдта баууӕндын сӕ кӕныныл.