15 Ӕмӕ куыд фехъусын кӕной, куынӕ сӕ арвыстӕуа, уӕд? Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Куыд рӕсугъд, куыд аив сты йӕ къахдзӕфтӕ, Фарны Уац чи хӕссы, уымӕн!»
Бӕрзонд хохмӕ схиз, Сионы сахар, фарны уац хӕссӕг! Дӕ хъӕлӕсы дзаг ныхъхъӕр кӕн, фарны уац хӕссӕг Йерусалим! Ныхъхъӕр кӕн, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс! Мӕнӕ — уӕ Хуыцау, зӕгъгӕ, зӕгъ Иудейы сахартӕн!
Куыд рӕсугъд, куыд аив сты йӕ къахдзӕфтӕ, хӕхты бӕрзӕндтыл фарны уац, цины уац ӕмӕ сӕрибары уац чи хӕссы, уымӕн! Сионӕн зӕгъы: «Дӕ Хуыцау дӕ Паддзах у!»
Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Мӕ дзыхы ныхасӕй дӕр стаудзысты. Ратдзынӕн сын амонд ӕмӕ фарн — дард чи у, уыдонӕн дӕр, ӕмӕ, хӕстӕг чи у, уыдонӕн дӕр. Се ’ппӕты дӕр сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн», — афтӕ зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг.
Мӕныл ис Дунедарӕг Хуыцауы Уд, уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста мӕгуыртӕн фарны уац фехъусын кӕнынмӕ, састзӕрдӕты сдзӕбӕх кӕнынмӕ, уацайрӕгтӕ ӕмӕ ахӕстытӕн, се ссӕрибары рӕстӕг кӕй ралӕууыд, уый зӕгъынмӕ.
Ӕз, сӕ мӕнг фынтӕ цы пехуымпартӕ дзурынц, уыдоны ныхмӕ сыстдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Сӕ фынтӕй ӕмӕ сӕ къӕйных мӕнг ныхӕстӕй Мӕ адӕмӕн сӕ зонд сзгъуыммӕ кодтой, афтӕмӕй сӕ Ӕз нӕ арвыстон ӕмӕ сын ахӕм бардзырд нӕ радтон. Уыдон ацы адӕмӕн ницы пайда ӕрхӕсдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.
Хӕхты бӕрзӕндтыл фарны уац хӕссӕг рацӕуы. О, Иудей! Кӕн дӕ бӕрӕгбӕттӕ, ӕрхӕсс дӕ фидыды нывӕндтӕ! Ӕнӕхуыцӕуттӕ нал бацӕудзысты дӕ зӕхмӕ, уымӕн ӕмӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн.
Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй Йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита».
Уый фӕстӕ ма Йесо ноджыдӕр ӕвдай дыууӕ ахуыргӕнинаджы равзӕрста ӕмӕ сӕ дыгӕйттӕй арвыста Йӕ разӕй, цӕуинаг кӕдӕм уыди, уыцы сахартӕ ӕмӕ хъӕутӕм.
Зӕд сын загъта: «Ма тӕрсут, ӕз уӕм ӕрцыдтӕн, ӕппӕт адӕмӕн дӕр стыр циндзинад чи ӕрхӕсдзӕн, уыцы Фарны Уац фехъусын кӕнынмӕ:
«Кад Хуыцауӕн бӕрзӕндты, зӕххыл та фарнимӕ уӕнт, Хуыцау кӕуыл ауды, уыдон!»
Уымӕй чысыл фӕстӕдӕр Йесо зилын райдыдта сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл ӕмӕ хъусын кодта Фарны Уац Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Йемӕ уыдысты Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы,
Йесо та сын дыккаг хатт загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут! Мӕ Фыд Мӕн куыд рарвыста, афтӕ Ӕз дӕр сымах ӕрвитын».
Хуыцау израилаг адӕмӕн рарвыста Йӕ ныхас — Йесо Чырыстийы руаджы адӕмимӕ кӕй фидауы, уыцы Фарны Уац. Чырысти та у ӕппӕт адӕмы Бардарӕг.
Ӕфсымӕртӕ, Авраамы байзӕддӕгтӕ, стӕй сымах, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон! Ацы уац ирвӕзындзинадыл дзуры ӕмӕ махӕн ӕрвыст у.
Бардарӕг мын загъта: „Ацу, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз дардмӕ, муртаттӕгтӕм, арвитдзынӕн“».
Фӕлӕ йын Бардарӕг загъта: «Ацу, Ӕз ӕй Мӕхицӕн кусӕгӕн сӕвзӕрстон, цӕмӕй Мӕ ном фехъусын кӕна муртаттӕгтӕн, паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн.
Уымӕ гӕсгӕ, ромӕгтӕ, цӕттӕ дӕн сымахӕн дӕр Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ.
Ӕз архайдтон, Чырыстийы кӕм нӕ зыдтой, Фарны Уац уым хъусын кӕныныл, цӕмӕй кӕйдӕр арӕзт бындурыл ма амайон,
Ӕмӕ куы ӕрцыди, уӕд ӕрхаста фидыды Фарны Уац сымахӕн, Хуыцауӕй дард чи уыди, уыдонӕн ӕмӕ Йӕм хӕстӕг чи уыди, уыдонӕн.
Мӕнӕн, сыгъдӕджыты тӕккӕ ницӕйагдӕрӕн, рардӕуыди уыцы хорзӕх — муртаттӕгтӕм Чырыстийы ӕгӕрон хъӕздыгдзинады Фарны Уац фӕхӕццӕ кӕнын,
Фарны Уац хъусын кӕнут — уымӕ цӕттӕдзинад суӕд уӕ къахыдарӕс.
Хуыцау сын раргом кодта, сӕ лӕггад сӕхи пайдайӕн нӕ, фӕлӕ уӕ сӕраппонд кӕй уыди. Ӕмӕ уыдон цы дзырдтой, уый уын ныр фехъусын кодта уӕларвӕй ӕрвыст Сыгъдӕг Уд — Цины Уац чи хӕссы, уыдоны уылты. Уыцы сусӕгдзинад арф банкъарынмӕ суанг зӕдтӕ дӕр тырнынц.