Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Ромӕгтӕм 10:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Чидӕриддӕр Ыл ӕууӕнды, уый нӕ фегад уыдзӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Ромӕгтӕм 10:11
6 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз Сионы хохыл сӕрӕвӕрӕнӕн фӕлтӕрд ӕмӕ зынаргъ дур сӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уый нӕ фӕтасдзӕн.


Паддзӕхтӕ дӕ ӕфсаддзысты хойрагӕй, ус-паддзӕхтӕ дын суыдзысты дыджызӕтӕ. Ныллӕг дын-иу акувдзысты, сдӕрдзысты дын дӕ зӕвӕтты рыг, ӕмӕ уӕд базондзынӕ: Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕмӕ Мыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзысты».


Йӕ ныфс Дунедарӕг кӕмӕн у ӕмӕ Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый арфӕгонду!


Уымӕн ӕмӕ, уырнындзинад йӕ зӕрдӕйӕ кӕмӕн цӕуы, уый схайджын вӕййы рӕстадӕй, ӕмӕ йыл ӕргомӕй чи дзуры, уый ирвӕзындзинад райсдзӕн.


Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын Дур — ӕмӕ Йыл фӕкӕлдзысты, Къӕдзӕх — ӕмӕ сын цӕлхдур суыдзӕн. Фӕлӕ Йыл чи ӕууӕнды, уый нӕ фегад уыдзӕни».


Сыгъдӕг фыст дӕр уымӕн афтӕ зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын сӕрӕвӕрӕн — ӕвзӕрст зынаргъ дур, чи Йыл ӕууӕнды — нӕ фегад уыдзӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ