Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Ромӕгтӕм 10:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Уымӕн ӕмӕ, уырнындзинад йӕ зӕрдӕйӕ кӕмӕн цӕуы, уый схайджын вӕййы рӕстадӕй, ӕмӕ йыл ӕргомӕй чи дзуры, уый ирвӕзындзинад райсдзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Ромӕгтӕм 10:10
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йесо йын загъта: «Кӕд Дӕ бон у, зӕгъыс? Чи ӕууӕнды, уымӕн йӕ бон алцыдӕр у».


Сойджын мӕрыл чи ӕрхауди, уыдон та сты ахӕм адӕм — фехъусынц ныхас, арф ӕй бавӕрынц сӕ фӕлмӕн ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕйы ӕмӕ фӕразон кӕй сты, уый фӕрцы стыр пайда ӕрхӕссынц.


[Филипп ын дзуапп радта: «Кӕд зӕрдиагӕй ӕууӕндыс, уӕд дыл саргъауӕн ис». Евнух загъта: «Ӕууӕндын, Йесо Чырысти Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл».]


Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Чидӕриддӕр Ыл ӕууӕнды, уый нӕ фегад уыдзӕн».


Йесо Бардарӕг кӕй у, уый тыххӕй ӕргомӕй куы дзурай, ӕмӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, ууыл зӕрдӕйӕ куы ӕууӕндай, уӕд фервӕздзынӕ.


Фӕлӕ мах зонӕм, Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕни, фӕлӕ ӕрмӕст Йесо Чырыстийыл ӕууӕндынӕй. Уымӕ гӕсгӕ мах баууӕндыдыстӕм Йесо Чырыстийыл, цӕмӕй сраст уӕм Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны нӕ, фӕлӕ Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы. Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны фӕрцы Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕни.


ӕмӕ баиу уон Йемӕ. Ӕз нал тырнын, Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны руаджы мӕм цы рӕстад уыди, уый равдисынмӕ, фӕлӕ тырнын, Чырыстийыл ӕууӕндыны руаджы Хуыцау уырнджытӕн кӕй дӕтты, уыцы рӕстадмӕ.


ӕмӕ уӕдӕ хӕстӕгдӕр бацӕуӕм уырдӕм ӕнувыд зӕрдӕ ӕмӕ фидар уырнындзинадимӕ — сыгъдӕггонд ӕрцыдысты хӕрамӕй нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ сыгъдӕг донӕй ӕрӕхсадӕуыд нӕ буар.


Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ, ӕфсымӕртӕ, ахӕм ӕвзӕр ӕмӕ ӕнӕууӕнк зӕрдӕ уӕ макӕмӕн разынӕд, ӕмӕ Цардӕгас Хуыцауы ныууадза.


Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл ӕргомӕй чи ӕууӕнды, уый баиу Хуыцауимӕ, ӕмӕ Хуыцау баиу йемӕ.


Ӕз зонын: ды цӕрыс, сайтанӕн йӕ паддзахы бадӕн кӕм ис, уым, фӕлӕ уӕддӕр ӕнувыд дӕ Мӕ номыл. Ды мыл дӕхи нӕ атигъ кодтай, суанг Мыл, сайтан кӕм цӕры, уӕ уыцы сахары Мӕ иузӕрдион ӕвдисӕн Антипӕйы куы амардтой, уӕд дӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ