29 Сӕ тӕригъӕдтӕ бӕстыл нӕ цӕуынц, сты хӕлд, фыдзӕрдӕ, кӕрӕф, хӕлӕггӕнаг, лӕгмар; ӕмхиц сты хъаугъамӕ, фӕливынмӕ, хӕрам кӕнынмӕ, хахуырмӕ;
Мӕ уд хъынцъым кӕны мӕ мидӕг, ӕмӕ Дӕ мысын Иорданы зӕххыл, Ермоны хӕхбӕсты, Мицары хохыл.
Мӕнгард лӕг хъаугъатӕ тауы, дам-думтӕ фӕхицӕн кӕнынц ӕмбӕлтты.
Ӕнӕ сугӕй арт ахуыссы, ӕнӕ дам-думтӕй хъаугъа банцайы.
Ӕз та уын зӕгъын: хӕтыны азым ӕм ма уӕд, уымӕй дарддӕр йӕ усы чидӕриддӕр ауадза, уый йӕ хӕтыныл ӕфтауы. Уагъд усы чи ракура, уый дӕр хӕтгӕ кӕны.
Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Нӕй рӕстгӕнӕг, иунӕг дӕр нӕй,
Тӕрсын, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд куы бамбарӕм, нӕдӕр ӕз, нӕдӕр сымах кӕй не стӕм, кӕрӕдзийы нӕ цавӕрӕй фенын фӕндыд, ахӕмтӕ; куы уӕм ӕрӕййафон хъаугъатӕ, хӕлӕг, маст, кӕрӕфдзинад, хахуыртӕ, фыдгой, схъӕлдзинад ӕмӕ змӕстытӕ…
Афтӕ сӕ устытӕ дӕр: хъуамӕ уой кады аккаг, ма уой хахуыргӕнджытӕ, уой уӕззау зонды хицау ӕмӕ ӕууӕнкджын алы хъуыддаджы дӕр.
Мах нӕхӕдӕг дӕр кӕддӕр уыдыстӕм ӕнӕмбаргӕ, хивӕнд, дзӕгъӕл адӕм, чъизи мондӕгтӕ ӕмӕ алы ирхӕфсӕнты цагъартӕ, уыдыстӕм фыдзӕрдӕ, хӕлӕггӕнаг, цъаммар, кӕрӕдзийӕ уыдтам не сӕфт.