26 Уымӕн сӕ ныууагъта Хуыцау ӕлгъаг монцты ӕвджид. Сӕ сылгоймӕгтӕ лӕгимӕ цӕрыны ӕрдзон ӕгъдау баивтой, ӕрдзон чи нӕу, ахӕм ӕгъдауӕй.
ӕмӕ йӕм хъӕр кодтой: «А изӕр дӕм цы лӕгтӕ ӕрбацыди, уыдон кӕм сты? Ракӕн-ма сӕ ардӕм, ӕмӕ семӕ нӕхи аирхӕфсӕм!»
Уыдон сӕхӕдӕг ӕлгъаг кӕнынц сӕ буар, ӕмӕ сӕ уымӕн ныууагъта Хуыцау сӕ зӕрдӕты чъизи монцты ӕвджид.
Хуыцауы базонын сӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ Хуыцау сӕ галиу зонды ӕвджид ныууагъта, ӕмӕ, цы не ’мбӕлы, уый кӕнынц.
Ӕви тӕригъӕдджынтӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ кӕй нӕ бацӕудзысты, уый нӕ зонут? Уӕхи ма сайут: нӕдӕр хӕлд адӕм, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, нӕдӕр хӕзгултӕ, нӕдӕр нӕлмойтӕ,
Хъӕбӕрзӕрдӕтӕ систы ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бафтыдысты ӕлгъаг хъуыддӕгтыл, чъизи митӕй сын бафсис нал ис.
Уымӕн ӕмӕ, уыдон сусӕгӕй цы кӕнынц, уыдӕттӕн суанг сӕ кой дӕр худинаг у.
ӕмӕ, Хуыцауы чи нӕ зоны, уыцы муртаттӕгтау чъизи монцты коммӕ ма кӕсут.
хӕлд адӕмӕн, нӕлмойтӕн, цагъайрӕгтӕй базаргӕнджытӕн, фӕлитойтӕн, мӕнгӕрдтӕн ӕмӕ раст ахуырады ныхмӕлӕуджытӕн се ’ппӕтӕн.
Адон та фауынц, цы нӕ зонынц, уый. Се ’рдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ, ӕнӕзонд цӕрӕгойтау, цы зонынц, уымӕй сӕхи сафынц.
Уыдонау Содом ӕмӕ Гоморрӕ, стӕй сӕ алфамбылай сахартӕ дӕр кӕй хаттысты ӕмӕ фехӕлдысты, ӕмӕ уый тыххӕй мыггагмӕйы арты кӕй судзынц, уый алкӕмӕн дӕр у зонды хос.
Уазджытӕ сӕ фӕллад уагътой. Уалынмӕ сахары цӕрджытӕ, хъахбай адӕм, хӕдзары алыварс ӕрӕмбырд сты ӕмӕ дуар батоныныл архайдтой. Уыдон зӕронд лӕгӕй, хӕдзары хицауӕй, домдтой, цӕмӕй сӕм йӕ уазӕджы ракӕна, ӕмӕ йын батых кӕной.