23 ӕмӕ Ӕнӕмӕлгӕ Хуыцаумӕ кувыны бӕсты кувынц, адӕймагау мӕлӕты бар кӕуыл цӕуы, мӕргътӕ, цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕ ӕмӕ хилджыты уыцы фӕлгонцтӕм.
Йӕ ныхас рарвыста, ӕмӕ сдзӕбӕх сты, фервӕзтысты мӕлӕтӕй.
Уӕдӕ кӕимӕ абаринаг стут Хуыцауы? Кӕм ссардзыстут Уый хуызӕн?
Уӕ цӕстытыл схӕцут уӕлӕмӕ, скӕсут уӕлӕрвтӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнут, Чи сӕ сфӕлдыста, Ууыл. Чи сфӕлдыста уый бӕрц стъалытӕ? Чи сӕ базмӕлын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсадау? Уый сӕ алкӕцымӕ дӕр дзуры йӕ номӕй. Иумӕ дӕр сӕ нӕ фӕвӕййы ӕнӕ фӕсидгӕ.
Хъӕддӕсны синагӕй рабары ӕмӕ цыргъагӕй ӕрхӕххытӕ кӕны хъӕды лыггагыл, стӕй йӕ сартӕй къахын райдайы, цалынмӕ дзы адӕймаджы аив сурӕт рауайы, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ йӕ кувӕн бынаты сӕвӕры.
Искӕцы адӕм ма сӕ хуыцӕуттӕй аздӕхтысты, кӕд ӕмӕ уыдон хуыцӕуттӕ не сты, уӕддӕр? Мӕ адӕм та сӕ кадджын Хуыцауы ӕнӕпайда гуымирытыл баивтой.
Ӕз бацыдтӕн ӕмӕ къултыл федтон алы хилӕгойты ӕмӕ ӕлгъаг цӕрӕгойты нывтӕ, стӕй, Израилы адӕм кӕмӕ куывтой, уыцы алыхуызон гуымирыты нывтӕ.
Уыди дзы алыхуызон цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕ, хилджытӕ ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕ.
Ӕмӕ кӕд Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм, уӕд хъуамӕ зонӕм, Хуыцау кӕй нӕу, адӕймаг йӕ арӕхстдзинады ӕмӕ йӕ зонды фӕрцы сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ дурӕй цы фӕлгонцтӕ саразы, уыдоны хуызӕн.
Хуыцауы ӕцӕгад уыдон баивтой мӕнгдзинадӕй, кувынц ӕмӕ лӕггад кӕнынц фӕлдисондӕн, ӕнусмӕ арфӕгонд Чи у, уыцы Сфӕлдисӕджы бӕсты. Аммен.
Сымах зонут: муртаттӕгтӕ ма куы уыдыстут, уӕд уӕ цыма иставӕр тых сайдта, афтӕ куывтат ӕгомыг гуымирытӕн.
Ма аразут гуымирытӕ уӕхицӕн — нӕдӕр уӕлейӕ, арвыл, нӕдӕр бынӕй, зӕххыл, нӕдӕр зӕххӕй дӕлдӕр, доны чи цӕры, исты ахӕм цӕрӕгойы хуызы.
Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, ивгъуыд заман муртаттӕгты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цы фӕцардыстут, уый — уыдыстут хӕлд адӕм, чъизи монцтӕ, фыднозт ӕмӕ ӕнӕуаг миты уацайрӕгтӕ, куывтат ӕлгъаг мӕнгхуыцӕуттӕн.
Ацы рынтӕй чи нӕ амард, уыцы адӕммӕ та фӕсмон не ’рцыд ӕмӕ нӕ ныууагътой дӕлимонтӕм ӕмӕ, сӕхӕдӕг къухӕй кӕй скодтой, нӕдӕр уынгӕ, нӕдӕр хъусгӕ, нӕдӕр цӕугӕ чи нӕ кӕны, сӕ уыцы сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, дурын ӕмӕ хъӕдын гуымирытӕм кувын.