35 Дунедарӕг Моисейӕн куыд дзырдта, афтӕ та йӕ хивӕнд зӕрдӕйы уаг равдыста фараон ӕмӕ израилӕгты нӕ ауагъта.
Ӕз зонын, Мысыры паддзах уӕ нӕ рауадздзӕн, уромдзӕн уӕ, Мӕ хъомыс Мын ницӕмӕ даргӕйӕ.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Мысырмӕ куы баздӕхай, уӕд-иу, хъусыс, диссӕгтӕ саразыны тыххӕй дын цы хъару радтон, уый фараоны раз равдис. Ӕз та йын йӕ зӕрдӕ ныддур кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмы нӕ рауадздзӕн.
Уӕддӕр фараон нӕ басаст ӕмӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ.
Фараон куы федта, къӕвда, арвы нӕрын ӕмӕ их банцадысты, уӕд та йӕ раздӕры митыл схӕцыд: йӕ дӕлдӕртимӕ сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой.