33 Моисей фараоны галуанӕй рацыд. Сахары ӕдде йӕ къухтӕ Дунедарӕгмӕ сдардта, ӕмӕ банцадысты арвы нӕрд ӕмӕ ихуард, арвӕй ӕртах дӕр нал ӕрхауд.
Соломон ӕрлӕууыди Дунедарӕджы нывондхӕссӕны раз, израилӕгты дзыллӕйӕн сӕ разӕй, йӕ къухтӕ арвмӕ сдардта
Моисей ӕмӕ Аарон куы рацыдысты фараонӕй, уӕд Моисей Дунедарӕгмӕ скуывта, цӕмӕй, фараоны цы галхӕфсыты ахӕсты фӕкодта, уыдоны фесафа.
Фараон Моисей ӕмӕ Ааронмӕ басидт ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕгӕн балӕгъстӕ кӕнут, цӕмӕй мын мӕхи ӕмӕ мӕ адӕмы ацы галхӕфсытӕй фервӕзын кӕна. Уӕд израилӕгты ауадздзынӕн Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ».
Моисей йын загъта: «Куыддӕр сахары ӕдде фӕуон, афтӕ мӕ къухтӕ Дунедарӕгмӕ сдардзынӕн, ӕмӕ налдӕр арвы нӕрд уыдзӕн, налдӕр — ихуард. Уый, цӕмӕй ды зонай, зӕххӕн йӕ хицау Дунедарӕг кӕй у.
Мӕнӕу ӕмӕ нӕлмӕнӕуӕн ницы уыд — уыдон фӕстӕдӕр байтауынц.)
Фараон куы федта, къӕвда, арвы нӕрын ӕмӕ их банцадысты, уӕд та йӕ раздӕры митыл схӕцыд: йӕ дӕлдӕртимӕ сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой.