30 Фӕлӕ, куыд уынын, афтӕмӕй ды дӕр ӕмӕ дӕ дӕлдӕртӕ дӕр Дунедарӕг Хуыцауӕй уӕддӕр нӕма тӕрсут».
Моисей йын дзуапп радта: «Дӕ разӕй куыддӕр рацӕуон, афтӕ скувдзынӕн Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ тӕккӕ райсом фервӕздзыстут дзынгатӕй — дӕхӕдӕг дӕр, дӕ дӕлдӕртӕ дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр. Ӕрмӕст нӕ мауал асайӕд фараон, ауадзӕд нӕ Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ».
Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынц; Дунедарӕгӕй тас фыдбылызӕй бахизы.
Фыдгӕнӕгӕн йӕ фыдракӕнд барст куы ’рцӕуа, уӕд, рӕстдзинад цы у, уый нӕ базондзӕн. Уый нӕ, фӕлӕ та дарддӕр кӕндзӕни фыдмитӕ, раст адӕм кӕм цӕрынц, уыцы зӕххыл, Де стырад дын ницӕмӕ ’рдардзӕн.
О Дунедарӕг, цӕмӕн нӕ бауагътай Дӕ фӕндаджы иувӕрсты ацӕуын? Цӕмӕн ӕруагътай уый, ӕмӕ Дыл нӕ зӕрдӕ сивӕм, мауал Дӕ тӕрсӕм? Ӕркӕс нӕм, Дӕ цагъартӕм, Дӕхи адӕммӕ!