Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 9:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Фараон фӕдзурын кодта Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Тӕригъӕдджын дӕн ӕз. Дунедарӕг раст у, ӕз ӕмӕ мӕ адӕм та зылынджын стӕм.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 9:27
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

«Тӕригъӕды бацыдтӕн Дунедарӕджы раз», — загъта Давид Натанӕн. «Дунедарӕг дын ӕй ныххатыр кодта. Нӕ амӕлдзынӕ.


Уӕд Израилы уӕздӕттӕ ӕмӕ паддзах сӕрныллӕгӕй загътой: «Раст у Дунедарӕг!»


Фӕлӕ Ды хатыргӕнаг дӕ — уадз ӕмӕ Дын аргъуыц кӕной.


Адӕмтӕ, сӕхӕдӕг кӕй скъахтой, уыцы дзыхъхъы аирвӕзтысты, сусӕг ран цы ахсӕн хыз сӕвӕрдтой, уый сӕхи къӕхтыл стыхсти.


Фараон тагъд фӕдзурын кодта Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Азымджын дӕн Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз ӕмӕ сымах раз.


Ныббарут-ма мын ацы хатт ӕмӕ балӕгъстӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, цӕмӕй нӕ ацы бӕллӕхӕй фервӕзын кӕна».


Уӕд фараон фӕсидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Цӕут ӕмӕ уӕ Хуыцауӕн мах зӕххыл ӕрхӕссут нывӕндтӕ».


Фараон Моисей ӕмӕ Ааронмӕ басидт ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕгӕн балӕгъстӕ кӕнут, цӕмӕй мын мӕхи ӕмӕ мӕ адӕмы ацы галхӕфсытӕй фервӕзын кӕна. Уӕд израилӕгты ауадздзынӕн Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ».


О, Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхон раст у, — нӕ Йӕм хъуыстон! О, байхъусут-ма, адӕмтӕ! Мӕ хъизӕмармӕ мын ӕрбакӕсут: мӕ чызджытӕ, мӕ лӕппутӕ, уӕ, уацары куы фӕцӕуынц!


Ӕмӕ нын уӕд Дунедарӕг стыр фыдӕх бавзарын кодта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, Йӕ алы хъуыддаджы дӕр раст у, мах та Йӕм нӕ хъуыстам.


Бацыдысты адӕм Моисеймӕ ӕмӕ загътой: «Тӕригъӕд ракодтам мах, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ ӕмӕ дӕ ныхмӕ дзырдтам. Скув Дунедарӕгмӕ, цӕмӕй нӕ кӕлмытӕй фервӕзын кӕна». Скуывта Моисей адӕмы тыххӕй,


Ӕмӕ загъта Балаам Дунедарӕджы зӕдӕн: «Тӕригъӕды бацыдтӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ зыдтон, Ды мӕ развӕндагыл лӕууыс, уый. Ныр та, кӕд Дын фӕндон нӕу, уӕд фӕстӕмӕ аздӕхдзынӕн».


ӕмӕ загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн, ӕназым туг кӕй ауӕй кодтон, уымӕй». Фӕлӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Уый махмӕ нӕ хауы. Дӕхи хъуыддаг у».


Фӕлӕ ӕнӕсӕттон кӕй дӕ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уымӕй дӕхӕдӕг ноджы карздӕр кӕныс де ’фхӕрд Хуыцауы азары бон, Хуыцау Йӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон куы раргом кӕна, уӕд.


Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕхи сраст кӕнын йӕ бон макӕмӕн уа ӕмӕ ӕгас дуне азымджын уа Хуыцауы раз.


Ахан дзуапп радта Йешуайӕн: — Ӕцӕг у уый, ӕз тӕригъӕды бацыдтӕн Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы раз. Мӕнӕ цы бакодтон:


Саул загъта Самуелӕн: «Аххосджын дӕн ӕз — нӕ сӕххӕст кодтон Дунедарӕджы фӕдзӕхст ӕмӕ дӕ дзырд. Адӕмӕй фӕтарстӕн ӕмӕ сӕм байхъуыстон.


Саул загъта: «Аххосджын дӕн, фӕлӕ мӕ, дӕ хорзӕхӕй, адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ ӕппӕт Израилы цӕсты ма бафтау. Мемӕ раздӕх, ӕмӕ ӕз Дунедарӕгмӕ, дӕ Хуыцаумӕ, скувон».


Саул ын загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн. Давид, мӕ хъӕбул, аздӕх фӕстӕмӕ, ницӕмӕйуал дӕ бафхӕрдзынӕн, уымӕн ӕмӕ мын абон зынаргъыл банымадтай мӕ цард. Ӕнӕзонд митӕ кодтон ӕмӕ тынг фӕрӕдыдтӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ