Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 9:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Мысыры зӕххыл гом арвы бын цыдӕриддӕр баззад, — адӕймагӕй, фосӕй, зайӕгойӕ, — иууылдӕр сӕ их ныххоста. Суанг ма бӕлӕстӕ дӕр ныссаста.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 9:25
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Батӕр дӕ фос сӕрӕмбӕрзт бынӕттӕм, быгъдӕг арвы бын дын цыдӕриддӕр ис, уыдон аууоны бафснай. Уымӕн ӕмӕ дын цыдӕриддӕр быдыры баззайа — адӕмӕй, фосӕй — ихы амӕттаг бауыдзысты, иу дӕр сӕ нӕ аирвӕздзӕн».


Их йӕ уарынӕй не ’нцад, арвы судзгӕ фӕттӕ йе ’хсӕнты цӕхӕртӕ калдтой. Ахӕм ӕбуалгъ ихуард цӕрынӕй-хӕрынмӕ никуыма федтой Мысыры цӕрджытӕ.


Дыккаг бон Дунедарӕг, куыд загъта, афтӕ бакодта: Мысыры фос иууылдӕр фӕцагъды сты, израилӕгты фосӕй та иу дӕр нӕ фӕхъуыди.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Мӕ фыр мӕстӕй уыл ныххуырсдзынӕн уаддым, тыгъдызӕй ӕмӕ их дуртӕ, ӕмӕ уӕ бабын кӕндзынӕн.


Бет-Хороны фахсыл уым дӕлӕмӕ куы фӕцӕйлыгъдысты израилӕгты разӕй, уӕд сыл Дунедарӕг уӕларвӕй стыр ихдуртӕ ӕппарын байдыдта суанг Азекайы онг, ӕмӕ мардысты. Ихдурты амӕттӕгтӕ фӕфылдӕр сты, израилӕгтӕ кардӕй кӕй фӕцагътой, уыдонӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ