20 Фараоны дӕлдӕртӕй Дунедарӕджы ныхасӕй чи фӕтарст, уыдон агъуысты бааууон кодтой сӕ цагъарты ӕмӕ сӕ фос.
Цы ’рцыд, уый ӕппындӕр ницӕмӕ ӕрдардта, афтӕмӕй аздӕхт йӕ галуанмӕ.
Йӕ ныхас Ын чи ницӕмӕ ӕрдардта, уыдон та сӕ цагъарты дӕр ӕмӕ сӕ фос дӕр ныууагътой гом арвы бын.
Дыккаг бон Дунедарӕг, куыд загъта, афтӕ бакодта: Мысыры фос иууылдӕр фӕцагъды сты, израилӕгты фосӕй та иу дӕр нӕ фӕхъуыди.
Зондамынд чи ницӕмӕ дары, уый йӕхи сафы, фӕлӕ фӕдзӕхстӕн аргъ чи кӕны, уый йӕ хӕрзиуӕг райсдзӕн.
Сыгъдӕг сыгъзӕрины фӕдыл зилыны бӕсты уӕлзонд агурын — хуыздӕр, ӕвзаргӕ ’взист ӕмбырд кӕнынӕй зондыл ӕфтауын — хуыздӕр.
уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг сӕ хъасты рахӕцдзӕн сӕ сӕрыл, чи сӕ бастыгъта, уыдоны цардцух фӕкӕндзӕн.
Зондджын фыдбылыз рагацау уыны ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбӕхсы, ӕнӕхин та йӕ фӕндагыл ӕмраст ацӕуы ӕмӕ ӕфхӕрд баййафы.
Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыди, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстагыл.