2 Куынӕ сӕ ауадзай, куы та сӕ бауромай,
Сӕ фидистӕй зӕрдӕсаст фӕдӕн, басасти мӕ хъару. Ӕнхъӕлмӕ кастӕн, исчи мын кӕд батӕригъӕд кӕнид, фӕлӕ ахӕм нӕ разынди; ӕнхъӕлмӕ кастӕн ныфсӕвӕрӕгмӕ, фӕлӕ ахӕмы дӕр не ссардтон.
Куынӕ сӕ ауадзай, уӕд дын тӕккӕ райсом дӕ бӕстӕ мӕтыхты хай бакӕндзынӕн.
Ӕз дын загътон, рауадз Мын Мӕ фырты, ӕмӕ Мӕм бакува. Ды йӕ нӕ рауагътай, ӕмӕ дын Ӕз дӕ хистӕр фырты амардзынӕн“».
Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: „Мӕ адӕмы Мын рауадз, ӕмӕ Мын бӕрӕгбон скӕной ӕдзӕрӕг быдыры“».
Куынӕ сӕ ауадзай, уӕд дын дӕ бӕстӕ ӕгасӕй дӕр галхӕфсыты бын фӕкӕндзынӕн.
Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй райсом раджы фараонмӕ бацӕуа ӕмӕ йын зӕгъа: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау: Мӕ адӕмы Мын ауадз, ӕмӕ Мӕм бакувой.
уӕд Дунедарӕг Йӕ къух сисдзӕни, быдырты дын цыдӕриддӕр фос ис, уымӕ — бӕхтӕм, хӕрджытӕм, теуатӕм, стуртӕм, сӕгътӕм ӕмӕ фыстӕм: карз емынӕ сыл сыстдзӕн!
Мӕ коммӕ куы нӕ бакӕсат ӕмӕ хивӕнд митыл куы схӕцат — карды амӕттаг бауыдзыстут. Уый зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг».
хиуарзон чи у, ӕцӕгады коммӕ чи нӕ кӕсы ӕмӕ тӕригъӕдмӕ ӕмхиц чи у, уыдоны та баййафдзӕни Йӕ азар.
Адӕм тыхджын ӕнтӕфӕй тыхстысты ӕмӕ ӕлгъыстой Хуыцауы ном — ацы рынтыл Кӕй бар цыди, Уый ном. Фӕсмон сӕм не ’рцыд, ӕмӕ Йын кад не скодтой.