17 Ацы бон дӕр ма Мын ды Мӕ адӕмыл дӕ хъал калыс, дӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕй сӕ рауадзын.
Уӕд Ӕз Мӕхӕдӕг дӕр баууӕнддзынӕн, дӕ рахиз къух дӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл.
Иууылкуырыхон ӕмӕ иууылхъаруджын дӕр Йӕ ныхмӕ куыд фӕлӕудзӕн?
Фӕлӕ дӕ удӕгасӕй ныууагътон, цӕмӕй дын равдисон Мӕ хъомыс, цӕмӕй Мӕ ном айхъуыса ӕппӕт зӕххы цъарыл.
Фӕлӕ йӕ зон, райсом, тӕккӕ ацафон, Ӕз Мысырыл, йӕ равзӕрынӕй нырмӕ кӕй нӕма федта, ахӕм ихуард рауадздзынӕн.
Фӕрӕт куыд хъуамӕ раппӕла йӕхицӕй, архайгӕ дзы чи кӕны, уый раз? Науӕд хырх сӕрбӕрзондӕй куыд хъуамӕ кӕса, хырхгӕ дзы чи кӕны, уымӕ? Лӕдзӕг, йӕ къухмӕ йӕ чи райсы, уыцы адӕймаджы ныттилдзӕни, мыййаг? Къобола лӕдзӕг, хъӕдӕй конд чи нӕу, уыцы цардуды хӕрдмӕ сисдзӕн?
О Дунедарӕг! Ды Дӕ къух бӕрзонд систай, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ уынынц. Дӕ адӕмы сӕрыл куыд хӕцыс, уый куы феной, уӕд фӕхудинаг уыдзысты; цы арттӕрхон сӕм кӕсы, уый аныхъуырдзӕн Де знӕгты.
Дӕ къӕйных ӕмӕ де схъӕлдзинады кой Мӕ хъустыл кӕй ауад, уый тыххӕй дын дӕ фындзыл цӕг бакӕндзынӕн, дӕ дзыхы — идоны къӕбӕлтӕ ӕмӕ дӕ, кӕуылты ӕрбацыдтӕ, ууылты фӕстӕмӕ аздахдзынӕн“.
Додой йӕ къона, йе Скӕнӕджы ныхмӕ чи рацӕуы, домгӕ Йӕ чи кӕны! Уый ницы у, дурыны саст ӕмӕ зӕххы рыджы йеддӕмӕ. Ӕлыджы мур куыд хъуамӕ бафауа дурынгӕнӕджы, уый цы ми кӕныс, зӕгъгӕ? Дурын дӕр йӕ саразӕгӕн куыд хъуамӕ бафидис кӕна, къухтӕ дын нӕй, ӕви, зӕгъгӕ?
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: дӕ зонд Хуыцауы зондимӕ иу ӕмвӕзыл кӕй ӕвӕрыс,
Фӕлӕ хъал ӕмӕ сӕрыстыр кӕй сси, уый тыххӕй йӕ паддзахы бынатӕй фӕхауди ӕмӕ йӕ кадӕй ӕнӕхай фӕци.
Ӕмӕ йӕ уайтӕккӕ Хуыцауы зӕд ӕрцавта, ӕцӕг Хуыцауӕн кад скӕныны бӕсты йӕхи хуыцау схонын кӕй бауагъта, уый тыххӕй; къуыдыргӕлмытӕ йӕ бахордтой ӕмӕ йӕ уд систа.
Ӕви нӕм Бардарӕг смӕсты уа, уый нӕ фӕнды? Ӕмӕ, ау, мах Уымӕй тыхджындӕр стӕм?