Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 9:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Ацы хатт дӕ ноджы тынгдӕр бафхӕрдзынӕн — дӕхи дӕр, дӕ дӕлдӕрты дӕр ӕмӕ дӕ адӕмы дӕр, ӕмӕ уӕд базондзынӕ, зӕххыл Мӕнӕн ӕмбал кӕй нӕй, уый.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 9:14
27 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Стыр дӕ Ды, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Нӕхи хъусӕй куыд фехъуыстам, афтӕмӕй Ды дӕ, ӕмбал Кӕмӕн нӕй, уыцы иунӕг Хуыцау!


уӕд-иу Дӕ адӕмӕй, Израилӕй, искӕмӕн йӕ зӕрдӕ фыдохы азарӕй ныррызти ӕмӕ Дӕм, ацы Кувӕндонмӕ йӕ къухтӕ ныттындзгӕйӕ, скуывта, балӕгъстӕ Дын кодта, зӕгъгӕ —


О Дунедарӕг! Нӕ хъустӕй цыдӕриддӕр фехъуыстам, уый фӕрцы зонӕм: Ды дӕ, ӕмбал кӕмӕн нӕй, уыцы иунӕг Хуыцау.


Дунедарӕг, хуыцӕутты ’хсӕн Дӕу хуызӕн чи у? Чи у, Дӕуау, хъомысджын ӕмӕ уаз? Тас ӕфтауы Дӕ кад, о, диссӕгтӕ фӕлдисӕг!


«Райсоммӕ!» — загъта фараон. «Куыддӕриддӕр загътай, афтӕ уыдзӕн, — дзуапп ын радта Моисей. — Цӕмӕй базонай, Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмбал кӕй нӕй, уый.


Аарон Мысыры дӕттӕм февзыста, галхӕфсытӕ сурмӕ рабырыдысты ӕмӕ Мысыры зӕхх ӕгасӕй дӕр ӕрӕмбӕрзтой.


Мӕ къух дӕм куы систаин ӕмӕ дын дӕхиуыл дӕр ӕмӕ дӕ адӕмыл дӕр емынӕ куы сыстын кодтаин, уӕд зӕххы цъарыл дӕ кой дӕр нал уаид.


Ӕз Дунедарӕг дӕн, Мӕн йеддӕмӕ Хуыцау нӕй. Ӕмӕ дын Ӕз радтон паддзахы бартӕ, кӕд Мӕ нӕ зыдтай, уӕддӕр.


Уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут, тӕккӕ райдианы, незаманты, цытӕ сарӕзтон, уый. Ӕз Хуыцау дӕн, Мӕн йеддӕмӕ нӕй Хуыцау, Мӕн хуызӕн никуы ис ӕндӕр.


О Дунедарӕг, никуы ис Дӕу хуызӕн! О, стыр дӕ Ды, хъомысджын у Дӕ ном!


О, адӕмты Паддзах, чи нӕ фӕтӕрсдзӕн Дӕуӕй! Кады аккаг ӕрмӕстдӕр Ды дӕ! Ӕппӕт паддзахӕдты, адӕмты ӕппӕт куырыхонты ’хсӕн Дӕуӕн ӕмбал нӕй!


Ӕз ацы сахар сафтид кӕндзынӕн ӕмӕ йӕ худинаджы бын фӕкӕндзынӕн. Йӕ цурты чидӕриддӕр ацӕуа, уый-иу, йӕ цӕфтӕм кӕсгӕйӕ, стыр дисы бафтдзӕн ӕмӕ ныкъкъуыззит кӕндзӕн.


Адӕмы ’хсӕнӕй йӕ фӕсырдтой, сырды сӕрызонд ын лӕвӕрд ӕрцыд, ӕмӕ хъӕддаг хӕрджытимӕ царди. Галау кӕрдӕг хордта ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй йӕ дойны саста, цалынмӕ бамбӕрста: адӕймаджы паддзахадӕн йӕ хицау у Иууылбӕрзонд Хуыцау ӕмӕ паддзахы бынат ратты, Йӕхи кӕмӕн бафӕнды, уыдонӕн.


Кӕд мӕм уый фӕстӕ дӕр нӕ байхъусат, уӕд уӕ авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.


Кӕд ма уый фӕстӕ дӕр Мӕ ныхмӕ рацӕуат ӕмӕ Мӕм нӕ хъусат, уӕд уӕ авд хатты тынгдӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.


уӕд уӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.


уый тыххӕй сӕ Ӕз ныззыгуым кӕндзынӕн, гӕныстонмӕ сӕ ӕркӕндзынӕн сӕ тӕригъӕдты аххосӕй.


„Дунедарӕг Хуыцау! Ды мӕнӕн, Дӕ цагъарӕн, фенын кодтай Де стырад ӕмӕ Дӕ хъомыс! Кӕм ис арвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр ахӕм хъомысджын хуыцау, Ды кӕй аразыс, ахӕм хъуыддӕгтӕ саразын кӕмӕн бантыса?


Сымахӕн ӕппӕт уыдӕттӕ равдыстӕуыд, цӕмӕй зонат, Дунедарӕг Хуыцау кӕй у ӕмӕ Уый йеддӕмӕ Хуыцау кӕй нӕй.


Уый тыххӕй йӕ иунӕг бонмӕ баййафдзысты рынтӕ, мӕлӕт, маст ӕмӕ стонг рӕстӕг, ӕмӕ арты басудздзӕн. Уымӕн ӕмӕ тыхджын у, тӕрхон ын Чи рахаста, уыцы Бардарӕг Хуыцау».


Ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ чидӕриддӕр хъусы, уыдонӕн ӕз зӕгъын: исты ма сӕм чи бафтауа, ууыл Хуыцау бафтаудзӕн, ацы чиныджы кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы рынтӕ.


Додойаг нӕ сӕртӕ! Уыцы хъомысджын Хуыцауы къухӕй нӕ чи аирвӕзын кӕндзӕн? Уый, мысырӕгтыл ӕдзӕрӕг быдыры Йӕ бӕллӕх Чи сӕвӕрдта, уыцы Хуыцау у.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ