31 Дунедарӕг айста Моисейы куывд: фервӕзын кодта дзынгатӕй фараоны, йӕ дӕлдӕрты ӕмӕ йӕ адӕмы. Иу дзынга дӕр нал баззади Мысыры.
хахуыртӕ чи нӕ мысы, йӕ хӕларӕн фыдбылыз чи нӕ аразы, йӕ хионы чи нӕ фауы;
Нӕ сӕ рауагътай, зӕгъгӕ, уӕд уӕм дзынгайы азар кӕсы — дӕхимӕ дӕр, дӕ дӕлдӕртӕм дӕр, дӕ адӕммӕ дӕр ӕмӕ дӕ галуанмӕ дӕр. Ӕппӕт мысырӕгты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ суанг уӕ къӕхты бын зӕхх дӕр бӕз-бӕз кӕндзысты дзынгатӕй.
Моисей рацыди фараонӕй ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта.
Фӕлӕ та фараон ацы хатт дӕр ныддур кодта йӕ зӕрдӕ — нӕ та ауагъта израилӕгты.
Фыдгӕнӕгӕн йӕ фыдракӕнд барст куы ’рцӕуа, уӕд, рӕстдзинад цы у, уый нӕ базондзӕн. Уый нӕ, фӕлӕ та дарддӕр кӕндзӕни фыдмитӕ, раст адӕм кӕм цӕрынц, уыцы зӕххыл, Де стырад дын ницӕмӕ ’рдардзӕн.