Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 8:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Моисей йын дзуапп радта: «Уымӕн гӕнӕн нӕй. Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, цы нывонд ӕрхӕссинаг стӕм, уый мысырӕгтӕ банымайдзысты ӕлгъагыл. Уыдоны цӕстыты раз куы ӕрхӕссӕм нӕ нывонд, уӕд нӕ дурты бын фӕкӕндзысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 8:26
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йосефӕн фынг ӕрӕвӕрдтой хицӕнӕй, ӕфсымӕртӕн дӕр хицӕнӕй, йемӕ минасгӕнӕг мысырӕгтӕн дӕр афтӕ. Мысырӕгтӕм дзуттӕгтимӕ иу фынгыл бадын ӕлгъагыл нымад у.


уӕд-иу ын раттут ахӕм дзуапп: „Мах, дӕ цагъартӕ, нӕ фыдӕлтау не ’взонгӕй нырмӕ фосдарджытӕ стӕм“. Ӕмӕ уӕд Гошены зӕххыл баззайдзыстут, уымӕн ӕмӕ мысырӕгтӕ фыййӕуттыл былысчъил кӕнынц».


Йерусалимы бакомкоммӕ, Елеоны хохӕн йӕ хуссарварс, сидойнаг мӕнгхуыцау Астартӕйӕн, моаваг мӕнгхуыцау Кемошӕн ӕмӕ аммонаг мӕнгхуыцау Милкомӕн Израилы паддзах Соломон йӕ заманы цы кувӕн къуыбыртӕ сарӕзта, уыдон дӕр фӕчъизи кодта.


Уый фӕстӕ мӕм хистӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ мын загътой, израилӕгтӕ ӕмӕ сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ӕндӕр адӕмтимӕ — ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, периззӕгтӕ, йевусӕгтӕ, аммонӕгтӕ, моавӕгтӕ, мысырӕгтӕ ӕмӕ аморӕгтимӕ — ӕмдзӕхтон кӕнынц, се ’гъдӕуттыл сын ныххӕцыдысты, зӕгъгӕ.


Израилы адӕмы хистӕртӕ дӕм байхъусдзысты, ӕмӕ-иу семӕ бацу Мысыры паддзахмӕ ӕмӕ йын-иу зӕгъут: „Ӕргом нӕм рацыди Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау. Уӕдӕ нӕ ауадз, ӕртӕ бонцауы фӕцӕудзыстӕм ӕдзӕрӕг быдырмӕ, цӕмӕй уым нывонд ӕрхӕссӕм Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн“.


Фараон Моисей ӕмӕ Ааронмӕ басидт ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕгӕн балӕгъстӕ кӕнут, цӕмӕй мын мӕхи ӕмӕ мӕ адӕмы ацы галхӕфсытӕй фервӕзын кӕна. Уӕд израилӕгты ауадздзынӕн Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ».


Ахӕм адӕймагӕн йӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, нӕ зоны ӕмӕ не ’мбары, науӕд зӕгъид: «Уый цы ми кӕнын? Бӕласӕн йе ’мбис арты басыгътон, зынгыл сфыхтон дзул, скодтон физонӕг ӕмӕ бахордтон. Цы ма дзы баззади, уымӕй та ацы ӕлгъаг дзаума куыд аразын? Куыд хъуамӕ бакувон хъӕды лыггагмӕ?»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ