15 Фӕлӕ фараон куы федта, фыдбылызӕй фервӕзти, уый, уӕд йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ та, Дунедарӕг сын куыд дзырдта, афтӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ.
Мысыры паддзахмӕ хабаргӕнӕг фӕцис, израилӕгтӕ алыгъдысты, зӕгъгӕ. Фараон ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕ ӕрфӕсмон кодтой, кӕй сӕ ауагътой, уый тыххӕй. Загътой: «Уый цы бакуыстам? Ауагътам израилӕгты, нӕ кусджыты!»
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Мысырмӕ куы баздӕхай, уӕд-иу, хъусыс, диссӕгтӕ саразыны тыххӕй дын цы хъару радтон, уый фараоны раз равдис. Ӕз та йын йӕ зӕрдӕ ныддур кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмы нӕ рауадздзӕн.
уӕддӕр уӕм фараон нӕ байхъусдзӕн. Ӕмӕ уӕд Ӕз Мысырыл Мӕ цонджы хъару бавзардзынӕн. Мӕ адӕмы, израилӕгты ӕфсад, уырдыгӕй ракӕндзынӕн фӕд-фӕдыл, Мысыры бӕстӕ та Мӕ азары хай бакӕндзынӕн.
Хӕфсыты мӕрдтӕй кӕритӕ амадтой, ӕмӕ се смагӕй бӕстӕ байдзаг ис.
Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ааронӕн зӕгъ, цӕмӕй йӕ лӕдзӕгӕй зӕххы рыг ӕрцӕва, ӕмӕ, Мысыры зӕххыл цыдӕриддӕр рыг ис, уый саск феста».
Фараон загъта: «Ӕз уӕ уадзын Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕдзӕрӕг быдыры нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ, ӕцӕг дард ма ацӕут. Скувут-иу Ӕм мӕн тыххӕй дӕр!»
Моисей йын дзуапп радта: «Дӕ разӕй куыддӕр рацӕуон, афтӕ скувдзынӕн Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ тӕккӕ райсом фервӕздзыстут дзынгатӕй — дӕхӕдӕг дӕр, дӕ дӕлдӕртӕ дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр. Ӕрмӕст нӕ мауал асайӕд фараон, ауадзӕд нӕ Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ».
Фӕлӕ та фараон ацы хатт дӕр ныддур кодта йӕ зӕрдӕ — нӕ та ауагъта израилӕгты.
Фараон Моисей ӕмӕ Ааронмӕ басидт ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕгӕн балӕгъстӕ кӕнут, цӕмӕй мын мӕхи ӕмӕ мӕ адӕмы ацы галхӕфсытӕй фервӕзын кӕна. Уӕд израилӕгты ауадздзынӕн Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ».
Куыдз йӕ омдзӕгтӕм куыд раздӕхы, афтӕ зондцух дӕр йе ’рра митӕ нӕ фӕуадзы.
Уайдзӕфтӕм хъусгӕйӕ, йӕхи чи схъӕхъхъаг кӕны, уымӕн ӕвиппайды йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ницыуал баххуыс кӕндзӕн.
Фыдгӕнджытӕн сӕ тӕрхоны заман тагъд не ’рцӕудзӕн, фыдбылызтӕ кӕнынӕй дӕр уымӕн нӕ тӕрсынц.
Фыдгӕнӕгӕн йӕ фыдракӕнд барст куы ’рцӕуа, уӕд, рӕстдзинад цы у, уый нӕ базондзӕн. Уый нӕ, фӕлӕ та дарддӕр кӕндзӕни фыдмитӕ, раст адӕм кӕм цӕрынц, уыцы зӕххыл, Де стырад дын ницӕмӕ ’рдардзӕн.
Цы дын бакӕнон, Ефрем? Цы дын бакӕнон, Иудӕ? Райсомы мигъ ӕваст куыд фӕцыдӕр вӕййы ӕмӕ сӕууон ӕртӕх куыд тагъд ӕрбайсӕфы, уый ӕнгӕс у уӕ рӕстад.
Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Абон, Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат, уӕд, Йӕ ныхмӕ цы заман сыстадыстут, уӕдау уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут».
уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут уӕ фыдӕлтау, — уыдон ӕдзӕрӕг бӕсты Йӕ ныхмӕ куыд сыстадысты ӕмӕ Йӕ куыд фӕлвӕрдтой, уыйау.
Адӕм тыхджын ӕнтӕфӕй тыхстысты ӕмӕ ӕлгъыстой Хуыцауы ном — ацы рынтыл Кӕй бар цыди, Уый ном. Фӕсмон сӕм не ’рцыд, ӕмӕ Йын кад не скодтой.
Стуртӕ сӕ ных комкоммӕ Бет-Шемешмӕ сарӕзтой. Уасгӕ цыдысты уыцы иу фӕндагыл, нӕдӕр галиуӕрдӕм здӕхтысты, нӕдӕр рахизӕрдӕм. Филистимы ӕлдӕрттӕ сӕ фӕдыл цыдысты суанг Бет-Шемешы арӕны онг.
Уыдон загътой: «Кӕд Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын ӕрвитинаг стут, уӕд ӕй ӕнӕ ницӕмӕй ма ауадзут, фӕлӕ уыцы Хуыцауӕн уӕ аххосы ныхмӕ ӕнӕмӕнг нывонд ӕрхӕссут. Уӕд сдзӕбӕх уыдзыстут ӕмӕ базондзыстут, цӕй тыххӕй уӕ ӕфхӕры, уый».
Цӕмӕн стут Мысыры адӕм ӕмӕ фараоны хуызӕн хиваст? Израилы Хуыцау сыл Йӕ хъару куы бавзӕрста, уӕд уыдон дзуттӕгты куы ауагътой!
Кӕсут-иу: кӕд ӕмӕ йӕхи бӕстӕм, Бет-Шемешмӕ цӕуа, уӕд нын ацы стыр фыдбылыз Израилы Хуыцау ракодта, кӕд нӕ, уӕд та йӕ зондзыстӕм: мах ӕфхӕрд Уый къухӕй нӕ баййӕфтам, фӕлӕ ныл ацы хабар ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцыд».