1 Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Фараонмӕ бацу ӕмӕ йын зӕгъ, афтӕ, дам, зӕгъы Дунедарӕг: „Мӕ адӕмы Мын ауадз, ӕмӕ Мӕм бакувой.
Уӕд сын Пинхас тӕрхон кӕнын райдыдта, ӕмӕ сӕ рын ныууагъта.
Хуыцау ын дзуапп радта: «Ӕз демӕ уыдзынӕн. Мӕнӕ, Ӕз дӕ кӕй арвыстон, уый нысан: Мӕ адӕмы Мын Мысырӕй куы ракӕнай, уӕд ӕрбацӕудзыстут ӕмӕ Хуыцаумӕ мӕнӕ ацы хохы сӕр скувдзыстут».
Израилы адӕмы хистӕртӕ дӕм байхъусдзысты, ӕмӕ-иу семӕ бацу Мысыры паддзахмӕ ӕмӕ йын-иу зӕгъут: „Ӕргом нӕм рацыди Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау. Уӕдӕ нӕ ауадз, ӕртӕ бонцауы фӕцӕудзыстӕм ӕдзӕрӕг быдырмӕ, цӕмӕй уым нывонд ӕрхӕссӕм Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн“.
Ӕз дын загътон, рауадз Мын Мӕ фырты, ӕмӕ Мӕм бакува. Ды йӕ нӕ рауагътай, ӕмӕ дын Ӕз дӕ хистӕр фырты амардзынӕн“».
Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: „Мӕ адӕмы Мын рауадз, ӕмӕ Мын бӕрӕгбон скӕной ӕдзӕрӕг быдыры“».
Уыдон ын загътой: «Дзуттӕгты Хуыцау нӕм ӕргом рацыд. Ӕдзӕрӕг быдырмӕ нӕ ауадз ӕртӕ бонцауы ӕддӕдӕр, цӕмӕй Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, нывонд ӕрхӕссӕм, науӕд ныл йӕ рын бафтаудзӕн, йе та нӕ карды амӕттаг бакӕндзӕн».
афтӕмӕй ӕмӕ фараонӕн зӕгъ, уымӕ дӕ кӕй рарвыста Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау, цӕмӕй йын Йӕ фӕндон зӕгъай: „Мӕ адӕмы Мын рауадз, ӕмӕ Мӕм бакувой ӕдзӕрӕг быдыры. Нырмӕ ды коммӕ нӕ кастӕ,
Дунедарӕг Нилы дон туг куы фестын кодта, ууыл рацыд авд боны.
Куынӕ сӕ ауадзай, уӕд дын дӕ бӕстӕ ӕгасӕй дӕр галхӕфсыты бын фӕкӕндзынӕн.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Райсом-иу раджы сыст. Фараон доны былмӕ куы рацӕуа, уӕд ӕм баздӕх, Дунедарӕг, дам, зӕгъы: „Мӕ адӕмы Мын рауадз, ӕмӕ Мӕм бакувой.
Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста: «Фараонмӕ бацу ӕмӕ йын зӕгъ, афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау: „Ауадз Мын Мӕ адӕмы, ӕмӕ Мӕм бакувой.
Уӕд Дунедарӕг загъта Йешуайӕн: «Де ’хсаргардӕй Гайы ’рдӕм ацамон, сахар дын дӕ къухтӕм дӕттын». Йешуа йе ’хсаргард сахары ’рдӕм куы фӕцарӕзта,