27 Аарон ӕмӕ Моисей дзырдтой фараонӕн, Мысыры паддзахӕн, израилӕгты Мысырӕй ракӕныны тыххӕй.
Ӕмӕ сӕм уӕд Уый дӕр Йӕ къух систа, цӕмӕй сӕ ӕдзӕрӕг быдыры бабын кӕна,
О, уый айнӕг ӕрцавта, ӕмӕ дзы дон фемӕхсти, ракалдысты суадӕттӕ. Уӕд Йӕ бон нӕу, ӕмӕ нын дзул ратта, Йӕ адӕмы фыдызгъӕлӕй бафсада?»
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Цӕугӕ бынмӕ! Сӕнӕуаг сты дӕ адӕм — Мысырӕй кӕй ракодтай, уыдон.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Сыст ардыгӕй, Мысыры зӕххӕй кӕй ракодтай, уыцы адӕмимӕ, ӕмӕ ацӕут, Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн, сомы ракӕнгӕйӕ, сӕ байзӕддагӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхмӕ.
Фӕлӕ Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн израилӕгтӕ ӕмӕ фараоны, Мысыры паддзахы тыххӕй, цӕмӕй израилӕгты Мысырӕй ракӕной.
Аарон ӕмӕ Моисей — уыдон та сты, Дунедарӕг афтӕ кӕмӕн загъта: «Израилы адӕмы Мысыры зӕххӕй ракӕнут — ӕфсады иу къорд иннӕйы фӕдыл цӕуӕд».
Дунедарӕг Моисеимӕ куы дзырдта Мысыры, уӕд ын загъта:
Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ, Дунедарӕг сын куыд загъта, афтӕ бакодтой. Аарон йӕ лӕдзӕг фараон ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты раз аппӕрста, ӕмӕ лӕдзӕг калм фестад.
Ӕз уӕ ракодтон Мысырӕй, цагъайрӕгтӕ цы зӕххыл уыдыстут, уым уын бафыстон уӕ ахӕстаргъ, уӕ разӕй уын арвыстон Моисей, Аарон ӕмӕ Мариамы.
Иу заман сӕм уырдӕм арвыстон Моисей ӕмӕ Аароны, Мысыры адӕмыл фыдрынтӕ бафтыдтон, цӕмӕй уӕ уырдыгӕй раирвӕзын кӕнон.
Уӕд сын Самуел загъта: «Моисей ӕмӕ Аароны Чи равзӕрста ӕмӕ уын уӕ фыдӕлты Мысыры зӕххӕй Чи ракодта, уыцы Дунедарӕг — ӕвдисӕн.