Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 6:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Аароны фырт Елеазар ракуырдта Путиелы чызджытӕй иуы, ӕмӕ йын уый ныййардта Пинхасы. Уый — Левийы артӕй уӕрст мыггӕгты хистӕртӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 6:25
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Авишуагъ, Пинхас ӕмӕ Елеазары байзӕддаг, алчер Аароны фырт —


Нымад чи ӕрцыд, уыцы левиттӕ та сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Гершонӕй — Гершоны хӕдзарвӕндаг, Кехатӕй — Кехаты хӕдзарвӕндаг, Мерарийӕ — Мерарийы хӕдзарвӕндаг.


Моисей сӕ хӕстмӕ арвыста, алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр мин, сӕ разамонӕг — Пинхас, сауджын Елеазары фырт, йӕ къухы — уаз мигӕнӕнтӕ ӕмӕ фӕдисы сыкъауадындзтӕ, афтӕмӕй.


Фӕлӕ уал израилӕгтӕ Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгты, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисмӕ Галаады зӕхмӕ арвыстой сауджын Елеазары фырт Пинхасы.


Амарди Аароны фырт Елеазар дӕр, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой йӕ фырт Пинхасы сахар Гевӕйы, Ефремы хӕхты, Пинхасӕн цӕрӕнуатӕн лӕвӕрд чи ӕрцыд, уым.


йӕ разы лӕггад кодта Аароны фырты фырт, Елеазары фырт Пинхас.) Израилӕгтӕ бафарстой: «Не ’фсымӕртимӕ, Бениамины мыггагимӕ, дарддӕр хӕцӕм ӕви нӕ? Ацы хӕст бауромӕм?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Хӕцут! Райсом уын Ӕз уӕлахиз ратдзынӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ