10 Дунедарӕг загъта Моисейӕн:
«Бацу фараонмӕ, Мысыры паддзахмӕ, ӕмӕ йын зӕгъ, израилӕгтӕн дӕ бӕстӕйӕ ацӕуыны бар ратт».
Моисей уыцы ныхӕстӕ израилӕгтӕн рафӕзмыдта, фӕлӕ йӕм уыдон нӕ байхъуыстой — иуӕй сӕ тӕппуды, иннӕмӕй та, куыстӕфхӕрд кӕй уыдысты, уый аххосӕй.